Радио "Ир". 84 азы эфиры дзуры Цхинвал

© Sputnik / Диана КозаеваРадио "Ир"
Радио Ир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Радио "Ир"-ы коллектив къуырисӕры нысан кӕны йӕ равзӕрды бон. 84 азы дӕргъы ӕрвылрайсом дӕр цӕрджытӕ фехъусынц "Дзуры Цхинвал". Оперативон ног хабӕрттӕ ӕмӕ хъӕзныг музыкалон къӕбиц баххӕст кӕнынц алыгъуызон рубрикӕтӕй. Фӕлӕ, хъыгагӕн. радиойы техникон авналӕнтӕ сты къуындӕг - 102,3 уылӕнмӕ байхъусӕн ис ӕрмӕстдӕр Цхинвалы.

ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иунӕг информацион-музыкалон радио "Ир" къуырисӕры нысан кӕны йӕ бындурӕвӕрды бон. "Ир" фыццаг хатт айзӕлд 1932 азы 11 апрелы ӕмӕ уыцы цау республикӕйы ӕппӕт цӕрджытӕн дӕр уыд бӕрӕгбонау. Радиокомитеты уӕд куыста ӕдӕппӕт цыппар адӕймаджы.

Уӕдӕй фӕстӕмӕ радиойы куысты рцыд стыр ивындзинӕдтӕ. "Ир" рахызт куыд йӕ популярондзинады иууыл бӕрзонд къӕпхӕныл, афтӕ йӕ рӕстӕгмӕ аныгуылдтыты сӕрты дӕр. Ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм азты уӕззау хӕстон уавӕрты паддзахадон радиойы куыст бынтондӕр ныммыр ис. Уыцы рӕстӕджыты фӕзындысты ног хӕдбар радиотӕ "Айзӕлд" ӕмӕ "Нӕу улӕн", фӕлӕ уыдоны "цард" дӕр бирӕ нӕ ахаста. Паддзахадон радио "Ир" та йӕ куыст сног кодта 2007 азы кӕрон, Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы уӕды директоры хӕдивӕг Кошты Къоста ӕмӕ радиоамонӕг Куымӕридтаты Донарӕйы фӕрцы. Фӕлӕ та йын 2008 азы хӕст бирӕбӕрцӕй кау ӕрфӕлдӕхта йӕ куыстыл.

Ныртӕккӕ "Ир" у республикӕйы иунӕг радио. Коллектив конд у 10 ӕвзонг, фӕлӕ фӕлтӕрд кусӕгӕй, кӕцытӕ хорз ӕмбарынц нырыккон радиожурналистикӕйы домӕнтӕ ӕмӕ ӕдӕрсгӕйӕ архайынц техникӕимӕ.

© Sputnik / Диана КозаеваРадио кусы ӕнӕрлӕугӕйӕ
Работа на радио всегда кипит - Sputnik Хуссар Ирыстон
Радио кусы ӕнӕрлӕугӕйӕ

Коллектив ӕрбынат кодта ПТРК "Ир"-ы цыппаруӕладзыгон бӕстыхайы уӕллаг уӕладзыгыл. Кӕд йӕ рӕстӕджы ацы агъуыст иууылдӕр арӕзт ӕрцыд сӕрмагондӕй радиойӕн, уӕддӕр дзы ныртӕккӕ ӕртӕ уӕладзыг ахсы паддзахадон телеуынынад. Радио кусы ӕгас суткъӕйы дӕргъы. Сӕумӕрайсом, Цхинвал нырма хъалкӕнынмӕ куы фӕхъавы, афтӕ паддзахадон гимны айзӕлды фӕстӕ хӕларзӕрдӕ хъӕлдзӕг ныхӕстимӕ радиоамонджытӕ цӕрджытӕн зӕгъынц фыццаг "Уӕ райсом хорз!"

"Радио кусы ӕнӕрлӕугӕйӕ. Сӕумӕрайсомӕй куыст райдайынц райсомы эфиры амонджытӕ, зонгӕ кӕнынц адӕмы, уыцы бон историйы цы нысаниуӕгджын цаутӕ рцыд, цы зындгонд гоймӕгтӕ райгуырд, уыдонимӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цымыдисон хабӕрттимӕ", — радзырдта радиойы директор Цхуырбаты Алан.

Райсом 10 сахатыл та йӕ куыст райдайы информацион службӕ — радио радӕтты бынӕттон хабӕртты фыццаг рауагъд. Уый фӕстӕ ӕрвылсахат дӕр радиойы кусджытӕ оперативонӕй хӕццӕ кӕнынц цӕрджытӕм республикӕйы ӕрцӕугӕ цаутӕ ӕмӕ дунейы хабӕрттӕ.

"Радиойы хӕрзӕбонӕн архайы 10 адӕймаджы, уыдонӕй авды хъӕлӕстӕ зӕлынц эфиры, аннӕтӕ та архайынц техникон амӕлттӕй эфир фӕхъӕзныгдӕр кӕныныл — музыкалон редактор, аудиоинжинер ӕмӕ монтажер. "Ир"-ы архайы ӕвзонг адӕм, уыдон се ‘ппӕт дӕр сты сӕ куысты дӕснытӕ", — дзуры радиойы къухдариуӕггӕнӕг.

2009 азы "Ир" райдыдта кусын нырыккон ифтонгадыл. Ног хабӕрттӕ ӕмӕ хиирхӕфсӕн алӕвӕрдтӕ цӕуынц комкоммӕ эфиры.

© Sputnik / Диана КозаеваРадио "Ир"-ы директор Цхуырбаты Алан
Директор радио Ир Алан Цховребов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Радио "Ир"-ы директор Цхуырбаты Алан

Информацион службӕ йӕ куыст куы фӕвӕййы, уӕд радиойы эфир адарддӕр кӕны "Сӕрибар изӕр". Ардӕм хуынд ӕрцӕуынц зындгонд ӕмӕ цымыдисон гоймӕгтӕ, эксперттӕ, хицауады уӕнгтӕ. Афтӕ ма радиомӕ хъусджытӕн ӕмбисӕхӕсӕв дӕр фадат ис 102, 3 уылӕныл ирон, уырыссаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг музыкӕмӕ хъусынӕн.

Радиойы директор куыд радзырдта, афтӕмӕй абон се стырдӕр проблемӕтӕй иу у фидиуӕны къуындӕг айтыгъд — паддзахадон радиомӕ байхъусӕн ис ӕрмӕстдӕр Цхинвалы.

"Республикӕйы къухдариуӕгад ныфс бавӕрдтой, кӕй ссардзысты фадӕттӕ, цӕмӕй нӕ радиомӕ районты цӕрджытӕ дӕр хъусой. Проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн нӕм се ‘ххуысы къух фӕдардзӕн компани "Мегафон" дӕр. Ацы хъуыддаджы фыццаг хъуамӕ суа Ленингоры район", — банысан кодта уый.

Цхуырбаты Аланы ныфс ис, радио йӕ 85 азы юбилейыл куы ӕмбӕла, уӕд амонджыты хъӕлӕс кӕй хъуысдзӕн Хуссар Ирыстоны ӕппӕт къуымты дӕр, суанг ма бӕрзонд хӕххон хъӕуты дӕр.

"Уый уыдзӕн иууыл хуыздӕр лӕвар радиойы коллективӕн дӕр ӕмӕ цӕрджытӕн дӕр", — загъта директор.

Ног хабӕртты лентӕ
0