Паддзахадон арæн фехалыны тыххæй æрцахстой гуырдзиаг фыййауы

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæПаддзахадон арæн
Паддзахадон арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æрцахсты рæстæджы фæткхалæгмæ ницы документтæ разынд, ныртæккæ цæуы куыст йæ гоймагдзинад сбæлвырд кæныны фæдыл.

ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik. Арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы паддзахадон арæны режим сæттæджы, фехъусын кодтой Sputnik Æдасдзинады комитеты пресс-службæйы.

"Цхинвалы районы Громы хъæуы цур арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой Гуырдзыстоны æмбæстаджы — Гуры районы Кирбалийы хъæуы цæрæджы. Хуссар Ирыстоны территорийыл уый февзæрд фос хизгæйæ", — фехъусын кодта уагдоны минæвар.

Æрцахсты рæстæджы арæнсæттæгмæ ницы документтæ разынд, арæнхъахъхъæнджытæ кусынц йæ гоймагдзинад сбæлвырд кæныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0