Sputnik радзурдзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Ирыстоны хъайтарты тыххæй

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæСпутник
Спутник - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæрмагонд проект "Ацы Уæлахиз æрхаста…" интервью, видео æмæ фотолентæты фæлгæтты радзурдзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты (1941 — 1945) Уæлахизы боны цытæн информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон расидт мультимедион проект "Ацы Уæлахиз æрхаста…". Проекты фæлгæтты Sputnik Хуссар Ирыстон интервью, видео æмæ фотолентæты форматы радзурдзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты æмæ Уæлахизмæ сæ хайбавæрды тыххæй историтæ, афтæ ма райсдзысты хайад акци "Æнæмæлгæ полк"-ы, кæцыйы организатор у Республикæ Хуссар Ирыстоны президенты администраци.

Паддзахадон мадзæлтты фæдыл президенты уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæ: "Нæ республикæ бахаста егъау хайбавæрд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архæйдтыты. Фыдыбæстæйы хъайтарты рухс ном мах ссардзыстæм акци "Æнæмæлгæ полк" æмæ Sputnik проекты "Ацы Уæлахиз æрхаста…".

Sputnik Хуссар Ирыстон къухдариуæггæнæг Нарек Ордян: "Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахиз у, фашизмы ныхмæ цы адæмтæ тох кодтой, уыдоны иумæйаг Уæлахиз. Проект "Ацы Уæлахиз æрхаста…" радзурдзæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ чидæриддæр растад, уыдон хъайтардзинады тыххæй. Историк Ключевскийы ныхæстæм гæсгæ, "сæ ивгъуыд бонтæ цы адæм нæ хъуыды кæнынц, уыдонæн нæй сомбон". Æрыгон фæлтæр хъуамæ ма рох кæна хъайтарты нæмттæ".

Проекты фыццаг хайадисæг ссис Sputnik Хуссар Ирыстон уацхæссæг Хъотайты Мария, кæцы фехъусын кодта йæ дада Хъотайты Герсаны истори.

Проекты иууыл ирддæр историтæ мыхуыр æрцæудзысты портал Sputnik Хуссар Ирыстон уырыссаг æмæ националон верситы. Проект "Ацы Уæлахиз æрхаста…"-йы дыккаг этап та райдайдзæн Sputnik Хуссар Ирыстон порталыл апрелы æмбисы æмæ радзурдзæн интервью, видео æмæ фотолентæты форматы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты æмæ Уæлахизмæ сæ хайбавæрды тыххæй историтæ.

Республикæйы æфсæддон коммисариаты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронттæм Хуссар Ир арвыста 20 мин хъæбулы, тохы быдыры уыдонæй фæмард дæс мин хæстоны, авд минæй фылдæр та дзы фесæфт æбæрæгæй. Хуссар Ирыстоны минæварады УФ-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты сæ сгуыхтдзинæдты тыххæй Ирыстоны минæвæрттæй 34-æн лæвæрд æрцыдысты Советон Цæдисы Хъайтары нæмттæ.

Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты сайттӕ, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0