Хуссарирыстойнаг боксертӕ Минводы фыццагадӕй ӕрхастой 6 сыгъзӕрин майданы

© Sputnik / Владимир Вяткин /  Ахизын медиабанкмæӔрыгон боксертӕ
Ӕрыгон боксертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерыстӕм ацӕуӕг аст ӕрыгон богалӕй ӕхсӕз райстой фыццаг бынӕттӕ.

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Хуссарирыстойнаг ӕрыгон боксертӕ ӕрхастой ӕхсӕз сыгъзӕрин ӕмӕ иу ӕвзист майданы Минводы горӕты гом фыццагадӕй, фехъусын кодта Sputnik боксы сывӕллӕтты спортивон скъолайы директор Кокойты Мурат.

Ерыстӕм ацӕуӕг аст ӕрыгон богалӕй ӕхсӕз бацахстой фыццаг бынӕттӕ, иу та сӕ рамбылдта ӕвзист майдан.

"Турниры архайдта 2004-2005 азты гуырд спортсментӕ. Фыццаг бынӕттӕ бацахстой Кокойты Аслан, Гӕджиты Гурам, Багаты Марат, Тыджыты Василий, Джиголаты Денис ӕмӕ Мӕргъиты Игорь. Кокойты Владимир та ссис ӕвзист майданы хицау", — загъта тренер.

Уый ма радзырдта, иу мӕйы фӕстӕ та 15-аздзыд богалтӕ кӕй архайдзысты Уӕрӕсейы фыццагады.

Ерысты ӕдӕппӕтӕй архайдтой 180 спортсмены УФ регионтӕй. Хуссар Ирыстоны командӕ архайдта тренер Дзигойты Ацӕмӕзы къухдаиуӕгадӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0