Тыбылты Леонид æмæ Гергиты Валерий æрдзырдтой Петербурджы Иры бонтæ ауадзыныл

© Сайт посольства РЮО в РФТыбылты Леонид æмæ Гергиты Валерий
Тыбылты Леонид æмæ Гергиты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид æмæ Гергиты Валерий æрдзырдтой бирæ фарстытыл, уыдон нымæцы культурæйы сферæйы хауæг фарстытыл дæр.

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Президент Тыбылты Леонид æмæ Мариинаг театры гендиректор Гергиты Валерий æрдзырдтой Санкт-Петербурджы Ирыстоны бонтæ ауадзыныл, фехъусын кодтой Sputnik РХИ-ы минæварады Уæрæсейы Федерацийы.

Тыбылты Леонид фæуазæг, Мюнхены филармонийы оркестр æмæ Мариинаг театрæн цы иумæйаг концерт уыд, уырдæм, кæцы уагъд цыд къуырисæры Чайковскийы номыл Мæскуыйы паддзахадон консерваторийы.

"Концерты фæстæ Тыбылты Леонид æмæ Гергиты Валерийæн уыд фембæлд, дзырд цыд бирæ фарстытыл, уыдон нымæцы культурæйы къабазы, Хуссар Ирыстоны æрыгон курдиæттæн феххуыс кæныны фарстатæ, афтæ ма 2016 азы июны Санкт-Петербурджы ауадзын Ирыстоны бонты аз Мариинаг театры хайадистæй", — фехъусын кодтой минæварады.

Президентимæ уыд Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр. Тыбылты Леонид Мæскуыйы ис кусæгон визитимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0