Мæскуыйы уынгыл калынц зæронд назтæ, цæмæй дзы ныссадзой ногтæ

© Sputnik / Аида ГагиеваМæскуыйы уынгыл калынц зæронд назтæ
Мæскуыйы уынгыл калынц зæронд назтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Специалистты ныхæстæм гæсгæ, бæлæсты уидӕгтӕ сты тынг хъыгдард æмæ сты тæссаг. Ног назтæм уыдзæн уæлдай зылд, цæмæй цырддæр сырæзой.

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Хæрзарæзтады управленийы кусджытæ æрæвнæлдтой Мæскуыйы уынгыл бæлæстæ калынмæ. Sputnik уацхæссæг бацыд бынатмæ æмæ бацымыдис кодта специалистты ахæм скъуыддзагы тыххæй.

Мæскуыйы уынг кæддæриддæр зындгонд уыд бирææнусон назты рæсугъддзинады фæрцы, кæцытæ сагъд сты фæндаджы дыууæ фарс дæр. Фæлæ горæты администраци аскъуыддзаг кодта уыдон ракæнын.

Хуссарирыстойнаг паддзахадон тобӕгонд зонӕйы директоры хæдивæг, дендролог Къæбулты Зауыр радзырдта, бæлæстæ кæй сты тынг хъыгдард æмæ хæссынц тас ацы уынджы цæрджытæн дæр æмæ фистæгæй цæуджытæн дæр. Уымæ гæсгæ сæ хъæуы æвæстиатæй ракæнын.

"Хæрзарæзтады управлениимæ иумæ мах рахастам ахæм вазыгджын скъуыддзаг, уымæн æмæ уыдон хæссынц тас цæрджытæн æмæ сæ хъæуы æвæстиатæй ралыг кæнын", — загъта Къæбулты Зауыр.

© Sputnik / Аида ГагиеваНог назтæм уыдзæн уæлдай зылд, цæмæй цырддæр сырæзой
Новые ели на Московской. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног назтæм уыдзæн уæлдай зылд, цæмæй цырддæр сырæзой

Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæлæстӕн знаггад æрхастой 2008 азы хæстон архайдтытæ, фæстæдæр сæндидзæн куыстыты рæстæджы та бахъыгдард сты сæ уидæгтæ.

"Ацы бæлæстæн ис уæлæнгай уидæгтæ, уымæ гæсгæ тротуарон плиткæ æвæргæйæ, уæззау техникæйы куысты рæстæджы бахъыгдард сты сæ уидæгтæ", — загъта дендролог.

Хæрзарæзтады управленийы минæвар загъта Sputnik, зæгъгæ, уынджы цæрджытæн ацы мадзæлтты ныхмæ æппындæр ницы фиппаиæгтæ ис.

"Уынджы цæрджытæ сæхæдæг æрæмбырд кодтой разыйы къухфысттæ бæлæстæ ралыг кæныны фæдыл. Уыдон арæх вӕййынц æвдисæнтæ, бæлæстæ-иу куыд рафæлдæхдысты фæндагмæ", — загъта управленийы кусæг.

Бæлæстæ кæнгæйæ, упраленийы кусджытæ садзынц æвзистхуыз назы талатæ, кæцытæ балхæдтой Цæгат Ирыстоны. Ног назтæ хæрзарæзтады кусджытæ донхæрæг кæндзысты къуыри дыууæ хатт. Уымæй дарддæр ма сын сæ зæххмæ мæй иу хатт хæсдзысты хъацæнтæ, цæмæй тагъддæр рæзой. Дæс азы фæстæ ацы уынг фестдзæн раздæр азты хуызæн цхинвайлæгты уарзон Мæскуыйы уынг.

Ног хабӕртты лентӕ
0