Дзуццаты Тамерлан: тагъд нӕ сценӕйыл фӕзындзӕн Скифтӕ, Сӕрмӕттӕ ӕмӕ Аланты цардвӕндагыл трилоги

© Sputnik / Роин БибиловДзуццаты Тамерлан
Дзуццаты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры аивадон къухдариуӕггӕнӕгӕй ивгъуыд къуыри нысан ӕрцыд режиссер, РХИ культурӕйы экс-министр Дзуццаты Тамерлан. Тамерланӕн ацы бынат ӕнӕзонгӕ нӕу, уый ма раздӕр ӕзты дӕр куыста театры къухдариуӕггӕнӕгӕй. Куыд амайдзӕн ацы хатт та йӕ куыст хуссарирыстойнаг театры, уый тыххӕй ног фысым радзырдта йӕ интервьюйы Sputnik.

— Тамерлан Ефимы фырт, ӕхсӕз азы фӕстӕ та дӕ ногӕй снысан кодтой Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахдон драмон театры аивадон къухдариуӕггӕнӕгӕй. Цы ног фӕндтимӕ ‘рбацытӕ ацы бынатмӕ?

— Фыццаджыдӕр мӕ фӕнды театрӕн ахӕм репертуар саразын, кӕцы худинаг нӕ уа фӕсарӕнты равдисын дӕр, стӕй ма суа уарзон бынӕттон адӕмӕн. Сахуыр кӕндзыстӕм ирон драматургты куыстытӕ ӕмӕ ног ирон пьесӕтӕ хъуамӕ фӕзына нӕ сценӕйыл. Сног кӕндзыстӕм нӕ репертуары аккагдӕр спектакльтӕ. Фӕлӕ уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ фӕсарӕйнаг фысджыты рохуаты ныууадздзыстӕм — нӕ репертуар рауӕрӕх кӕндзыстӕм Шекспир ӕмӕ ӕндӕр зындгонд авторты уацмыстӕй.

Фыццаг рады та нӕ хъӕуы сцӕттӕ кӕнын аргъӕуттӕ сабитӕн. Исдзыстӕм канд мыхуыр цы ӕрмӕг ӕрцыд, уый нӕ, фӕлӕ ма закъаз кӕндзыстӕм фысджытӕн ног темӕтӕ дӕр. Ис нын, ӕввахс рӕстӕджыты цӕуыл кусдзыстӕм, ахӕм нывӕзт дӕр. Ныридӕгӕн бавнӕлдтон Уильям Шекспиры уацмыс "Виндзораг фӕлитойты" сӕвӕрынмӕ. Куыддӕр баццӕтӕ кӕнӕм нӕ ранӕуӕггонд репертуар, афтӕ цӕудзыстӕм районтӕм ӕмӕ хъӕутӕм. Хуссар Ирыстоны къуымты клубтӕ кӕмдӕриддӕр ис, уырдӕм хӕццӕ кӕндзӕн театры труппӕ йӕ спектакльтимӕ.

Ис мын гуырахстджын пълӕнттӕ — рагӕй фӕстӕмӕ мӕ фӕндыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры сценӕйыл фенын, сӕрыстыр кӕмӕй стӕм, уыцы фыдӕлты — Скифтӕ, Сӕрмӕттӕ ӕмӕ Аланты цардвӕндагыл трилоги. Ацы ахадгӕ спектакльтӕ саразынӕн ис ӕрмӕг, сӕ иу — "Скифаг ус-паддзах Томирис", иннӕ хай ныффыссыныл та ныридӕгӕн архайы Галуанты Людӕ. Иудзырдӕй, ис бирӕ бакусинаг ӕрмӕг.

—  Театры ног бӕстыхайы аразджытӕ ныфс дӕттынц арӕзтад азы кӕронмӕ фӕуынӕй. Арӕзтадон куыстытӕм йӕ цӕст цы къамис дары, уый сконды дӕ Ды дӕр. Куыд хъуыды кӕныс, ӕппӕтдӕр арӕзт цӕуы банысангонд ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ коллективы куыд фӕндыд, афтӕ?

Театр райдайы …фундаментæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Театр райдайы …фундаментæй

— Мӕскуыйӕ ӕрвылмӕй дӕр ӕрцӕуы къамис, кӕцы йӕ цӕст дары арӕзтады темпытӕ ӕмӕ гъӕдмӕ. Нӕ зӕрдӕ дарӕм мах дӕр, бӕстыхай афоныл кӕй сцӕттӕ уыдзӕн. Хуссар Ирыстоны паддзахдон театрӕн ӕмбал нӕ уыдзӕн ӕгас Кавказы. Ног уавӕрты нӕ фадӕттӕ дӕр фылдӕр уыдзысты ӕмӕ хъуамӕ ауадзӕм дыууӕ театралон фестиваль Цхинвалы. Ӕрхондзыстӕм театртӕ Уӕрӕсейӕ ӕмӕ фӕсарӕнтӕй, ис нын бирӕ театртимӕ бастдзинӕдтӕ. Ацы хъуыддаджы нӕ гӕнӕн ис ӕмӕ фӕкъуыхцы кӕна ӕрмӕстдӕр уазӕгдӕтты цухдзинад, фӕлӕ уӕдмӕ кӕд уыдонмӕ дӕр ӕркӕсиккой.

—  Ныр бирӕ ӕзты дӕргъы театры труппӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы сӕ ног бӕстыхаймӕ бацӕуынмӕ. Цы ног спектакльтӕй бакӕндзыстут театры ног бӕстыхай?

— Хетӕгкаты Къостайы номыл театры ног сценӕйыл фыццаг хъуамӕ равдисӕм нӕ номдзыд фыссӕджы поэмӕ "Фатима"- мӕ гӕсгӕ спектакль. Ацы хъуыды мӕм рагӕй ис, фӕлӕ зын уыд ӕрӕмбырд кӕнын актерты къорд. Ныр, мӕ фӕндмӕ гӕсгӕ, ацы спектаклы архайдзысты Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны актертӕ иу сценӕйыл. Кӕд нӕм абон сидынц иудзинадмӕ, уӕд ацы спектакль уыдзӕн ӕвдисӕн уыцы иудзинад ӕмӕ хӕларадӕн.

—  Театры сӕйрагдӕр проблемӕтӕй иуыл нымад цӕуы ӕвзонг актерты цъухдзинад. Куыд фӕнд кӕныс ацы фарст аскъуыддзаг кӕнын?

— Паддзахадон театры ис курдиатджын ӕмӕ фӕлтӕрд актертӕ, фӕлӕ, хъыгагӕн, се‘ппӕт дӕр сты хистӕр кары. Хорз уаид, нӕ рауагъдонты куы арвитиккам театралон хаххыл ахуырмӕ. Фӕлӕ уыдон дӕр ӕрыздӕхдзысты ӕрмӕсддӕр фондз азы фӕстӕ, мах та проблемӕ аскъуыддзаг кӕнын хъӕуы ӕвӕстиатӕй. Уымӕ гӕсгӕ, цалдӕр азы размӕ Хуссар Иры номӕй Мамиты Григорийимӕ цы цӕгаттаг фӕсивӕды къорд ахуыр кодта, уыдоны мӕ фӕнды ӕрхонын ардӕм. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдонмӕ ам ӕнхъӕлмӕ кӕсы хуыздӕр фидӕн.

Канд ӕвзонг актертӕй нӕ тыхсӕм, фӕлӕ ма нӕм режиссертӕ дӕр сты стӕм. Ацы хаххыл дӕр нӕм ахуыр кӕны фӕсивӕд Уӕрӕсейы ахуыргӕнӕндӕтты. Афтӕ ма хондзыстӕм фӕлтӕрд режиссертӕ фӕсарӕнтӕй дӕр.

© Sputnik / Инга ЧехойтыРХИ драмон театры труппӕ
Трагеди Дзӕнӕты фӕндаг зындонмӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ драмон театры труппӕ

—  Аивадон коллективты, уӕлдайдӕр та театры, кӕдфӕнды дӕр вӕййы вазыгджын ахастытӕ. Цух дзы нӕу мах театр дӕр. Куыд фӕнд кӕныс ацы фарст ахицӕн кӕнын ӕмӕ коллективы куыстмӕ сразӕнгард кӕнын?

— Актерӕн хъуамӕ уа куыст ӕмӕ ӕнкъара, адӕм ын йӕ архайдӕн кӕй аргъ кӕнынц. Ӕхсӕнад ӕмӕ къухдариуӕгадӕй йе сфӕлдыстадмӕ хъӕрмуд ахаст куыннӕ уа, уӕд баруайы. Нӕ театры актертыл нӕ цӕст куы ахӕссӕм, уӕд дзы ис ӕрмӕстдӕр иу-ӕхсӕз адӕмон актеры. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ махмӕ нымад цӕуы, ома адӕмон актеры ном хъуамӕ лӕвӕрд цӕуа ӕрмӕстдӕр карджын актертӕн. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕвзонг актерӕн дӕр стыр ӕнтыст йӕ къухы куы бафта, уӕд ӕй хъӕуы рахицӕн кӕнын бӕрзонд хорзӕхӕй, ӕмӕ уӕд уый ноджы фылдӕр балӕггад кӕндзӕн ирон аивадӕн.

Курдиатджын артисттӕ Пӕррӕстаты Дмитрий, Харебаты Жан-Жак, Бибылты Сослан ӕмӕ ӕндӕртӕ, кӕцытӕ сценӕйыл радӕттой аккаг фӕлгонцтӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, уыдонмӕ дӕр ӕмбӕлы, цӕмӕй сын се сфӕлдыстадӕн бӕрзонд аргъ скӕной. Козаты Ромикӕн та ӕгӕрыстӕмӕй сгуыхт артисты ном дӕр нӕй, афтӕмӕй та "Ныййарӕджы кадӕг"-ы сӕххӕст кодта йӕ фӕлгонц тынг хорз. Ӕнӕмӕнг хъуамӕ пенсийы кары бахизой, цӕмӕй сын скад кӕнӕм? Паддзахадон театры ӕнтыстджындӕр актертӕй иу — Джиоты Аслан ацыд не ‘хсӕнӕй, йӕ курдиатӕн аккаг аргъ не‘ скодтам, афтӕмӕй. Ацы уавӕр хъӕуы цӕхгӕр аивын ӕмӕ уӕд коллектив дӕр йӕ гаччы ӕрбаддзӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0