Ленингоры районы ӕрцахстой гуырдзиаг арӕнсӕттӕджы

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæАрӕнгӕрон службӕ
Арӕнгӕрон службӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнхъахъхъӕнджытӕ бӕрӕг кӕнынц инциденты уавӕртӕ, уый фӕстӕ ӕрмӕджытӕ иууылдӕр адӕтдзысты тӕрхондонмӕ.

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Гуырдзыстоны 24-аздзыд ӕмбӕстаджы, кӕцы ӕнӕзаконӕй ӕрбахызт паддзахадон арӕны сӕрты, фехъусын кодтой РХИ паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕйы.

Азы райдайӕнӕй ныры онг арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой 15 арӕнхалӕджы. Фӕткхалӕн цаутӕ иууылдӕр ӕрцыдысты Цхинвалы ӕмӕ Ленингоры районты.

"Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн паддзахадон арӕныл, хъӕу Орчъосанмӕ хӕстӕг 12 апрелы арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны ӕмбӕстаджы. Уый разынд Гуры цӕрӕг, у 1992 азы гуырд", — радзырдта комитеты минӕвар.

Ныртӕккӕ арӕнгӕрон службӕйы скъуыддзаг цӕуы хъуыддаг тӕрхондонмӕ адӕттыны фарст.

Афтӕ ма пресс-службӕйы кусӕг бафтыдта, 12 апрелы тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстонӕй ивар бафидыны фӕстӕ феддӕдуар кодтой ноджы иу гуырдзиаг арӕнсӕттӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0