ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik. Тъæнгты низæй рынчынты нымæц Хуссар Ирыстоны нæу нормæйæ хызт, эпидемийӕн йӕ кой дӕр нӕй, фехъусын кодта цыппæрæмы инфекцион рынчындоны сæйраг дохтыр Козаты Варвара.
2014 азы Цхинвалы банысан æрцыд тъæнгты низы инфекци, низ æвзæрынгæнæг горæты доны системæйы ис, уыцы верси уæд горæты хицæуттæ не сбæлвырд кодтой. Цæрджытæ тæрсынц, уыцы уавæр та нæм ма сцырын уа.
Сæйраг дохтыры ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ рынчындоны ис 15 пациенты — сæйраджыдæр тъæнгты низ æмæ ангинæимæ.
"Паникæйæн ницы бындур ис. Абон нæм нырма иу рынчын дæр не ‘рбахауд. Рынчынтæн алыхатт сæ низ инфекциимæ баст нæу — арæх фæхъæстæ вæййынц хæринагæй дæр", — загъта сæйраг дохтыр.
Козаты Варвара ма банысан кодта, рынчындон кæй нæ æййафы медикаментты хъуагдзинад.
Уый ма бафтыдта, сывæллонæн дыргътæ æмæ халсартæ раттыны размæ уыдон кæй хъæуы тынг бæстонæй æхсын.