Путины "комкоммæ хаххы" фæстæ Цæгат Ирыстоны сгарынц "БТС-Гидрострой"

© Sputnik / Сергей Кузнецов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы слестгæнæн комитет
Уæрæсейы слестгæнæн комитет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы президент Путины "комкоммæ хаххы" рæстæджы райхъуыст, компани кæй у хæсджын йæ кусджыты раз. "БТС-Гидрострой" йæ кусджыты раз хæсты бацыд 160 милуан сомы бæрц.

ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны слестгæнджытæ райдытой басгæрст Уæрæсейы президент Владимиры Путинмæ куырдиат бацæуыны фæстæ, цыран дзырдæуыд, "БТС-Гидрострой" йæ кусджытæн мызд кæй нæ бафыста, хъусын кæны Уæрæсейы слестгæнæн комитеты официалон минæвар Владимир Маркин.

Компани "БТС-Гидрострой" æххæст кодта Ручъы тоннелы реконструкци, куыд нардуатон организаци. Цæгат æмæ Хуссар Иры цы тоннель иу кæны, уый реконструкцийы фæстæ цытджын æгъдауæй байгом 2014 азы ноябры. Раздæр, бынæттон массон информацийы фæрæзты информацимæ гæсгæ, тоннелы аразджытæ ауагътой митинг мызд бафидыны домæнимæ.

Хæсты проблемæйыл дзырд цыд цыппæрæмы Уæрæсейы президент Владимир Путины "комкоммæ хаххы" рæстæджы. Фæстæдæр республикон прокуратурæйы минæвар фехъусын кодта, "БТС-Гидрострой" йæ кусджыты раз хæсты кӕй бацыд 160 милуан сомы бæрц.

"Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны слестгæнæн органтæ уадзынц сгарæн мадзæлттæ, зианбаййафæг адæмы нымæц æмæ сын цы мызд нæ бафыстой, уый бæрц базоныны фæдыл, афтæ ма кондады къухдариуæгадæй чи у аххосджын, уый. Басгæрсты фæстиуджытæм гæсгæ, райст æрцæудзæн процессуалон скъуыддзаг", — загъта Маркин.

Ног хабӕртты лентӕ
0