Нонна Мкртчян: ӕгуыст адӕмӕн Хуссар Иры нӕй сӕрибар бынӕттӕ

© Архивон къамЦӕрджыты куыстбынӕттӕй сифтонг кӕныны фӕдыл управленийы хистӕр Нонна Мкртчян
Цӕрджыты куыстбынӕттӕй сифтонг кӕныны фӕдыл управленийы хистӕр Нонна Мкртчян - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Азы райдианӕй управленимӕ куыстагур ӕрбацыд 1262 ӕмбӕстаджы, уыдонӕй куыстбынӕттӕ ссарын бантыст ӕрмӕстдӕр авд адӕймагӕн.

ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik. Цӕрджыты куыст ӕмӕ куыстбынӕттӕй сифтонг кӕныны фӕдыл управленийӕн нӕй фадӕттӕ ӕгуыст адӕмӕн кустытӕ ссарынӕн. 2016 азы фыццаг кварталы уагдонмӕ цы 1262 адӕймаджы бахатыдысты куыстагур, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр авды сифтонг кодтой бынӕттӕй, фехъусын кодта Sputnik управленийы сӕргълӕууӕг Нонна Мкртчян.

Уый куыд банысан кодта, афтӕмӕй ацы официалон цифрӕтӕ республикӕйы ӕгуыст адӕмы ӕцӕг уавӕр не ‘вдисынц.

"Сӕрибар куыстбынӕттӕ ис цъус ӕмӕ адӕмӕн уыйбӕрц нӕ бон баххуыс кӕнын ницӕмӕй у, уымӕ гӕсгӕ, ӕмбӕстӕгтӕ сӕ проблемӕтимӕ махмӕ цӕуынц стӕм хатт. Хӕсты агъоммӕ ӕгуыст адӕмӕн фыстам чысыл финансон фӕрӕзтӕ, фӕлӕ нын ныр уый фадӕттӕ дӕр нал ис", — загъта Нонна Мкртчян.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕгуыст адӕмӕн сӕ фылдӕр сты сылгоймӕгтӕ. Управленийы хыгъды цы ӕмбӕстӕгтӕ лӕууынц, уыдонӕн се ‘ртыккӕгӕм хаймӕ та ис уӕлдӕр ахуырад.

"Цӕрджытӕ сӕ профессимӕ гӕсгӕ куыст куыннӕ уарой, уӕд сын саразын хъӕуы ног дӕсныйадыл фӕцайдагъ кӕныны курсытӕ, махӕн та уый фадат нӕй. Стӕй ма ӕгуыст адӕмӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у паддзахадæй æххуыс дӕттын", — загъта управленийы хистӕр.

Уый ма банысан кодта, ныфс сӕ кӕй ис, РХИ ӕмӕ УФ ‘хсӕн ӕмцӕдис ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырд йӕ тыхы куы бацӕуа, уӕд управленийы куыст дӕр йӕ гаччы кӕй ӕрбаддзӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0