Уæлибыхтæ аразынц рагон традицион æгъдаумæ гæсгæ. Иууыл кадджынылдæр нымад цæуынц тæнцъар дзаджджын хæбизджынтæ.
Ирон уæлибых у националон хæринаг. Æртæ уæлибыхы ирон адæммæ рагзамантæй нымад цыдысты Хуыцау, Хур æмæ Зæххы символтыл. Æртæ уæлибыхы стыр бынат ахсынц ирон фынгтыл. Фыццаг уал скувынц Хуыцауæн æмæ уый фæстæ алыг кæнынц æртæ кæрдзыны.
Ирон уæлибыхтæ хорз зындгонд сты дунейы бирæ бæстæты æмæ бонæй-бон фылдæр кæны сæ популярондзинад. Ныры онг зындгонд ис фараст хуызы уæлибыхтæ.
Уæлибых фыцын зын нæу, фæлæ уæддæр хъуамæ дзуапп дæтта фыдæлтæй баззайгæ технологийæн. Хъуамæ уарзай ирон къæбиц æмæ спайда кæнай æнæмæнгхъæуæг ингредиенттæй. Уæлибыхтæ аразыны технологи æгас Ирыстоны иугъуызон у, фæлæ йæ алы æфсин дæр кæны йæхирдыгонау.
Цæхæраджын сцæттæ кæнынæн хъæуы саразын хыссæ ссад, цæхх, æнхъизæн, æхсыр æмæ чысыл дон. Цæхæрайы сыфтæ хъæуы бæстон ныхсын цæугæ донмæ, басур кæнын, ралыг кæнын сæ хъæдтæ æмæ лыстæг алыг кæнын сыфтæ. Фыдкæрдæны рауадзын цыхт (æрмæстдæр ирон цыхт), бафтауын æм хъæуы цæхæрайы сыфтæ æмæ сӕ иумӕ дзæбæх сызмæнтын. Фæстагмæ хыссæ нытæнæг кæнынц, астæуæй æрæвæрынц йæ мидæггаг æмæ йæ æрбассивынц. Уæлибых фыцынц тъæпæн тебæйыл цырд артыл.