Чиныг "Ирыстоны фысджытӕ"-йӕн Цхинвалы ацыд презентаци

© Sputnik / Плиты ФатимаЧиныг "Ирыстоны фысджытӕ"-йы презентаци Цхинвалы
Чиныг Ирыстоны фысджытӕ-йы презентаци Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чиныгмӕ бацыд Ирыстоны 300 фылдӕр фыссӕджы, уыдоны ‘хсӕн куыд номдзыд автортӕ, кӕцытӕ стыр хуынтӕ бахастой ирон аивадмӕ, афтӕ цалдӕр уацмысы автортӕ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik. Зынгӕ ирон фысджытӕ Хъазиты Мелитон ӕмӕ Биботы Иринайы чиныг — библиографийон бæрæгуат "Ирыстоны фысджытӕ"-йӕн Цхинвалы майрӕмбоны ацыд презентаци, хусын кӕны Sputnik уацхӕссӕг.

Нырмӕ Ирыстоны дыууӕ хайы классиктӕ иу рауагъды мыхуыр не ‘рцыдсты. Цалдӕр азы размӕ Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны фысджыты цӕдистӕ баиу сты, ныр ахадгӕ сты йӕ куысты фӕстиуджытӕ дӕр.

Презентацимӕ ӕрбацыдысты фысджытӕ, ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕ, ХИПУ-йы минӕвӕрттӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ.

"Тынг нын феххуыс уыдзӕн ацы чиныг, йӕ фӕзындӕй мах не ‘ппӕт дӕр райстам стыр лӕвар. Иу кӕнӕ иннӕ фыссӕджы сфӕлдыстад ӕмӕ биографитӕ нӕ хицӕн ӕмӕ хицӕн чингуыты агурын нал хъӕудзӕн", — загъта 6-ӕм скъолайы ахуыргӕнӕг Дыгъуызты Лиана.

Чиныг уӕрст ӕрцыд республикӕйы библиотекӕтӕ, скъолатӕ ӕмӕ уӕлдӕр ахуыргӕндӕттыл.

Чиныг мыхуыр ӕрцыд Дзӕуджыхъӕуы Уӕрӕсейы литературон азы фӕлгӕтты ӕмӕ у Ирыстоны дыууӕ хайы фысджыты цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй иумӕйаг ӕмбырдгонд. Рауагъдмӕ бацыд 300 фылдӕр фыссӕджы цардафыст ӕмӕ сӕ уацмысты номхыгъдтӕ. Райдайы Хетӕгкаты Къостайӕ, дарддӕр цӕуынц Ӕгъуызаты Иуане, Колыты Аксо, Мамсыраты Темырболат ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0