Тыхгæнæг-педофилы бакодтой хæдзарон ахæсты

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæДзӕуджыхъӕуккаг тыхгæнæг-педофилы бакодтой хæдзарон ахæсты
Дзӕуджыхъӕуккаг тыхгæнæг-педофилы бакодтой хæдзарон ахæсты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы уголовон хъуыддаджы фæдæвзарæн 79-аздзыд нæлгоймаджы ныхмæ, кæцымæ зæрдæ æхсайы фарастаздзыд сыхаг лæппуйæн тыхми бакæныны хъуыддаджы.

ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны тæрхондоны скъуыддзагмæ гæсгæ 79-аздзыд тыхгæнæг-педофил баконд æрцыд хæдзарон ахæсты, хъусын кæны СК регионалон управленийы пресс-службæ.

Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
СК: Дзæуджыхъæуы æрцахстой 79-аздзыд цæрæджы чысыл лæппуйæн тыхми бакæныны тыххӕй
Цæгат Ирыстоны Слестгæнæн комитет дарддæр кæны уголовон хъуыддаджы фæдæвзарæн 79-аздзыд нæлгоймаджы ныхмæ, "цыппæрдæс аз кæуыл нæма сæххæст, ахæм æнахъомтæн тыхми саразыны" статьяйы фæдыл.

"Слестгæнæн органты куырдиатмæ гæсгæ йын рахастæуыд тæрхон — хæдзарон ахæсты баконд", — дзырдæуы управленийы хъусинаджы.

Фæдагуырды версимæ гæсгæ, фыдгæнæг иу азы мидæг цалдæр хатт бакодта тыхми сыхаг фарстаздзыд лæппуйæн.

Фыдгæнæджы æрцахстой, сывæллоны мад барадхъахъхъæнæн органтæм куы бахатыд, уый фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0