Цхинвайлаг ӕрыгон боксертӕ ӕрхастой ӕртӕ сыгъзӕрин майданы Цӕгат Кавказы турнирӕй

© Къам: В. ХаситыЦхинвайлаг ӕрыгон боксертӕ
Цхинвайлаг ӕрыгон боксертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыццаг бынӕттӕ бацахстой Гӕджиты Эндрик, Цхуырбаты Алик ӕмӕ Дженыкъаты Роберт, дыууӕ ӕвзонг боксеры та ссисты ӕвзист призертӕ.

ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik. Цхинвайлаг ӕрыгон боксертӕ ӕрхастой ӕртӕ сыгъзӕрин ӕмӕ дыууӕ ӕвзист майданы Цӕгат Кавказы турнирӕй, фехъусын кодта Sputnik боксерты тренер Хаситы Владислав.

Уӕрӕсейы хъайтар Андрей Крестьяниновы номарӕн турнир уагъд цыд Кӕсӕг Балхъары республикӕйы. Цхинвайлаг боксерты ерыстӕм бацӕттӕ кодтой тренертӕ Хаситы Владислав ӕмӕ Гӕбӕраты Гамлет.

Фыццаг бынӕттӕ бацахстой Гӕджиты Эндрик, Цхуырбаты Алик ӕмӕ Дженыкъаты Роберт.

"Ерыстӕм акодтон фараст лӕппуйы, уыдонӕй ӕртӕ рамбылдтой фыццаг бынӕттӕ, дыууӕ та ӕвзист майдантӕ. Ацы турниры хайадист нӕ фӕсивӕдӕн радта хорз фӕлтӕрддзинад, федтой, иннӕ спортсментӕ дӕр куыд хӕцыдысты ӕмӕ сын бахынцыдтой сӕ рӕдыдтытӕ", — банысан кодта тренер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрбалӕугӕ мӕйы та ӕрыгон боксертӕ сӕ тыхтӕ бафӕлвардзысты ӕхсӕнадӕмон турниры Ставрополы.

Гӕджиты Эндрик боксмӕ ӕххӕст афӕдз дӕр нӕма цӕуы, фӕлӕ йын ныридӕгӕн ис хорз ӕнтыстытӕ. Раздӕр ын спорты хуызтӕй иууыл уарзондӕр уыд хъӕбысхӕст. Афтӕ хъуыды кодта, цалынмӕ боксыл нӕ фӕхӕст.

© Къам: В. ХаситыЦхинвайлаг боксер Гӕджиты Эндрик
Цхинвайлаг боксер Гӕджиты Эндрик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг боксер Гӕджиты Эндрик

Эндрикӕн ацы сыгъзӕрин майдан у фыццаг. Уымӕй размӕ ма йын йӕ уӕлахизты нымӕц баххӕст кодта ӕвзист майдан, кӕцы рамбылдта Цхинвалы уагъд цӕуӕг Ирыстон ӕмӕ Абхазы хъайтар Хуыбылты Валерийы номарӕн турниры. Фӕлӕ ӕхсӕнадӕмон турниры хайад райста фыццаг хатт. Финалы хӕцыд цӕгатирыстойнаг боксеримӕ ӕмӕ йӕ 25 секундмӕ арвыста нокауты.

"Тынг ӕхсызгон мын уыд, кӕй рамбылдтон, мӕ тренертӕ мыл цы ныфс ӕвӕрдтой, уый кӕй нӕ фӕмӕнг кодтон. Фӕлӕ ме ‘мбӕлттӕй чидӕртӕ кӕй фӕхӕрд сты, уый мын тынг хъыг уыд. Фӕлӕ цӕй, ницы кӕны, ныр нӕхиуыл тынгдӕр кусдзыстӕм ӕмӕ иууылдӕр уӕлахизтимӕ здӕхдзыстӕм", — ныфс бавӕрдта Sputnik ӕрыгон боксер.

Ног хабӕртты лентӕ
0