Цхинвалы скъола-интернаты футболон командӕ хайад райсдзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты

© Sputnik / Ада БагианФутболон турнир
Футболон турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Алантӕ" ӕппӕтуӕрӕсейон футболон турнир "Будущее зависит от тебя"–йы хайад исынц, куыд Хуссар Ирыстоны ерысты уӕлахидзаутӕ.

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik. Сывӕллӕтты хӕдзӕртты ӕмӕ скъола-интернатты хъомылгӕнинӕгты ‘хсӕн футболы ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты "Будущее зависит от тебя" хайад райсдзӕн Цхинвалы скъола-интернаты командӕ "Алантӕ", фехъусын кодта скъолайы директор Тедеты Роланд.

"Алантӕ" ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕм цӕуынц, куыд Хуссар Ирыстоны ӕппӕтреспубликон ерысты уӕлахидзаутӕ.

"Ныр фондз азы дӕргъы цӕуӕм ацы ерыстӕм. Ивгъуыд аз дзы бацахстам дыккаг бынат, нӕ командӕ фӕхӕрд ис ӕрмӕстдӕр китайаг футболисттӕн", — загъта директор.

Ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕ "Будущее зависит от тебя" цӕудзысты Сочийы майы. Цхинвалы скъола-интернаты командӕ турниры хайад исы компани "Остелеком"-ы финансон ӕххуысы фӕрцы.

Ног хабӕртты лентӕ
0