Цхинвал, 19 апр — Sputnik. Sputnik. Цæстæнгасы æрфарстмæ гæсгæ, Германи (68%), Франц (67%) æмæ Стыр Британийы (46%) цæрджыты фылдæр хай нымайынц, сæ бæстæты хицауадтæ æмæ массон информацийы фæрæзтæ мигрантты фыдракæндты фæдыл цы инфармаци мыхуыр кæнынц, уый раст кæй нæу. Ацы бæрæггæнæнтæ райст æрцыдысты, иртасæн компанитæ Populus æмæ Ifop информацион агентад æмæ радио Sputnik цы æрфарст ауагътой, уый фæстиуæгæн.
Иууыл фылдæр сæ хицауад æмæ МИФ-ыл не ууæндынц Францы цæрджытæ — æрмæстдæр французæгты 17% нымайынц, кæй сын дæттынц объективон информаци, мигранттæ цы фыдракæндтæ саразынц, уый фæдыл. Сæ хицауад æмæ МИФ-ыл фылдæр æууæндынц Германы (25%) æмæ Стыр Британийы (36%) цæрджытæ.
Sputnik.Цæстæнгас æрфарст рабæрæг кодта европæйагты стыр хъуыддагзынд ацы фарсты фæдыл: æрмæстдæр Германийы 7%, Францы 16% æмæ Стыр Британийы 18% фæтыхстысты ацы фарстæн дзуапп раттын.
Стыр Британи æмæ Германийы æрфарст ауагъта иртасæн компани Populus 2016 азы 3-4 февралы, æрфарсты хайад райстой 3556 респонденты: Стыр Британийы — 1047, Германийы та 1010. Францы та æрфарст сарæзта егъау иртасæн компани Ifop 2016 азы 3-5 февралы, хайад дзы райста 1499 респонденты.
Æхсæнадон цæстæнгас раиртасыны фæдыл æхсæнадæмон проект йæ куыст райдыдта 2015 азы январы. Партнертæ ссисты зындгонд иртасæн компанитæ Populus æмæ Ifop, рагон французаг компани, кæцы кусы æхсæнадон цæстæнгасы æрфарсттыл. Sputnik.Цæстæнгасы фæлгæтты уагъд цæуынц æхсæнадон æрфарстытæ Европæйы бæстæты æмæ АИШ-ы иууыл актуалондæр социалон æмæ политикон фарстыты фæдыл.
Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты сайттӕ, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.