Уӕрӕсейаг бизнесменты фæнды Хуссар Иры экономикæмæ инвестицитæ саразын

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал, Джиоты Аланы уынг
Цхинвал, Джиоты Аланы уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент йæхимæ райста уæрæсейаг амалиуæггæнджыты къорды, кæцытæ æрцыдысты республикæмæ инвестицион климатæн саргъ кæнынмæ.

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Босыкты Наталья. Уæрæсейы амалиуæггæнджытæ фæнд кæнынц Хуссар Ирыстоны экономикæмæ инвестицитæ бахæссын. Президент Тыбылты Леониды фæхуындмæ гæсгæ, уыдон æрцыдысты Цхинвалмæ, цæмæй бынаты саргъ кæной инвестицион потенциалæн.

"Хуссар Ирыстон рацыд уæззау рæстæджытæ. Ныртæккæ республикæ йæ къæхтыл цадæггай лæууы, размæ цæуы æмæ йæ фæнды йæ хъæууон хæдзарад сæндидзæн кæнын. Æмбæстæгтæй чидæртæ фæнд кæнынц хъæутæм баздæхын æмæ фермерон куыст райдайын", — загъта президент Тыбылты Леонид амалиуæггæнджытимæ фембæлды рæстæджы.

Фонд "Мир без Войны"-йы вице-президент Андрей Чижикы ныхæстæм гæсгæ, дыццæджы амалиуæггæнджытæ фæнд кæнынц Ленингоры районмæ бацæуын æмæ балцы рæстæджы сбæлвырд кæнын, цавæр бизнес-проекттæ æрцæудзысты реализаци республикæйы.

"Мах æруынаффæ кæндзыстæм конкретон проекттыл, фæлæ æрмæстдæр нæхи цæстæй куы фенæм, цы нæ цымыдис кæны, уый фæстæ. Мах нæ хъус дарæм, республикæйы инфраструктурæ кæй æндидзы æмæ потенциал кӕй у егъау. Мах ссардзыстæм инвестициты тыххæй фæрæзтæ. Сæйраджыдæр уый уыдзæн арæзтад, хæдзæрттæ, цавæрдæр кондад", — банысан кодта уый.

Бизнесменты ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны æрдзон-климатон уавæртæ ахъаз сты хъæууон хæдзарады эффективон райрæзтæн.

Президент æрхуыдта бизнесменты республикæмæ сæ æрæджыйы фембæлды рæстæджы Мæскуыйы, цыран уый уыд кусæгон балцы. Фембæлды рæстæджы амалиуæггæнджытæ равдыстой цæттæдзинад Хуссар Ирыстоны экономикæмæ инвестицитæ бахæссыны фæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0