ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы сармадзаны нæмыг ссардтой Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзары арæзтады бынаты, фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады сæйраг управленийы минæвар.
"Дыццæджы нӕм æрбацыд информаци, зæгъгæ, Дзæуджыхъæуы Магкаты æфсымæрты уынгыл, арæзтадон фæзуатыл куыстыты рæстæджы ссардæуыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты артиллерион сармадзаны æрмæг", — загъта агентады дзырдæмбал.
Цауы бынатмæ æрбамбырд сты УУМ-ы тыхтæ. Фӕстӕдӕр рӕмудзӕн ӕрмӕг аластой полигонмӕ, цӕмӕй йӕ уым скуынӕг кӕной.