РХИ æмæ РЦИ-А парламентаритæ æрдзырдтой Хуссар Иры НОК саразыныл

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламенты агъуыст
РХИ парламенты агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
НОК саразыны фарстыл раздæр уынаффæ цыд УФ Олимпиаг комитеты президент Александр Жуковимæ. Уæрæсейы фарс равдыста йæ цæттæдзинад ацы фарсты алыгъуызон æххуыс бакæныны фæдыл.

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik. Хуссар æмæ Цæгат Иры парламентаритæ æрдзырдтой республикæйы Националон олимпиаг комитет (НОК) саразыны фарстыл, фехъусын кодтой Sputnik РХИ парламенты пресс-службæйы.

РХИ парламенты фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты разамонæг Тедеты Бахва дыццæджы йæхимæ райста цæгатирыстойнаг делегаци парламенты депутат Фадзайты Арсены сæргълæудæй.

Фембæлды рæстæджы Фадзайты Арсен систа Хуссар Ирыстоны Олимпиаг комитет саразыны фарст.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, РХИ-ы спортсментæ хъуамæ сæхи равдисой дунейон спортивон аренæйыл.

"Хуссар Ирыстоны ис бирæ курдиатджын тренертæ, кæцытæ схъомыл кодтой цалдæр фæлтæр спортсменты. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Олимпиаг комитеты сарæзт у æнæмæнгхъæуæг къахдзæф, цæмæй республикæ æргомæй йæхи равдиса дунейон спортивон аренæйыл. Мах хъуамæ тырнæм æмæ æппæтдæр саразæм, цæмæй ацы комитет арæзт æрцæуа", — загъта уый.

Уый банысан кодта, ацы фарстыл дзырд кæй цыд УФ Олимпиаг комитеты президент Александр Жуковимæ. Уæрæсейы фарс равдыста йæ цæттæдзинад ацы фарсты алыгъуызон æххуыс бакæныны фæдыл.

"Олимпиаг комитеты сарæзт ратдзæн фадат нæ спортсментæн искуы Олимпиаг хъæзтыты архайын РХИ тырысайы бын", — банысан кодта Фадзайты Арсен.

Ног хабӕртты лентӕ
0