Тедеты Дзамболат нысан ӕрцыд хъӕбысхӕстӕй УФ ӕмбырдгонды сӕйраг тренерӕй

© Архивон къамИрон тренер Тедеты Дзамболат
Ирон тренер Тедеты Дзамболат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Январы кӕрӕтты Тедеты Дзамболат нысан ӕрцыд Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сӕйраг тренеры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй Магомеда Гусейновы бӕсты, кӕцы иуварс ӕрцыд ацы бынатӕй 2015 азы ӕмбырдгонды лӕмӕгъ архайды тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik. Уӕрӕсейы спорты министрад сфидар кодта Тедеты Дзамболаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй УФ ӕмбырдгонды сӕйраг тренерӕй, хъусын кӕны ведомствӕйы официалон сайт.

Декабры мӕйы Уӕрӕсейы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты федерацийы президент Михаил Мамиашвили банысан кодта, 2015 азы националон ӕмбырдгонды архайд кӕй нӕ уыд, куыд ӕмбӕлы афтӕ, ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн тренерон штабы кӕй ӕрцӕудзӕн кадрон ивындзинӕдтӕ. Уый адыл Магомед Гусейнов иуварс ӕрцыд командӕйы сӕйраг тренеры бынатӕй.

Январы кӕрӕтты Тедеты Дзамболат нысан ӕрцыд Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сӕйраг тренеры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй. Уый ма 2001-2012 азты дӕр лӕууыд командӕйы сӕргъ, Афинты ӕмӕ Пекины Олимпиадӕты уӕрӕсейаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой ӕртыгай сыгъзӕрин майдантӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0