Фыццаг музыкалон: 85 азыккон истори

© Sputnik / Алексей КовалевМузыкалон скъолайы юбилей
Музыкалон скъолайы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Музыкалон скъола саразыны тыххæй уынаффӕ райст æрцыд 1931 азы Цхинвалы. Скъолайы фыццаг директорæй нысан æрцыд Галаты Борис.

ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik, Босыкты Наталья. Цхинвалы фыццаг музыкалон скъола æртыццæджы банысан кодта йæ 85 азы юбилей. Мадзалмæ æрбацыдысты РХИ президент Тыбылты Леонид, хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ æмæ кусджытæ, Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг, культурæйы архайджытæ, афтæ ма скъолайы раздæры рауагъдонтæ.

Музыкалон скъола саразыны тыххæй уынаффӕ райст æрцыд 1931 азы Цхинвалы, раззагон интеллигенцийы хъæппæрисæй. Скъолайы фыццаг директорæй нысан æрцыд Галаты Борис, кæцы бахаста стыр хайбавæрд Хуссар Ирыстоны культурæйы размæцыды хъуыддагмæ. Уыцы азты музыкалон скъолайы уыд æрмæстдæр дыууæ хайады — скрипкæ æмæ фортепианойы классы фæдыл.

Ныры бæстыхаймæ æрбацыды размæ скъола раивта бирæ адрестæ. Музыкалон скъолайы директор Тедеты Маринӕйы ныхæстæм гæсгæ, уыдон куыстой дыууæ хатæны, кæцыты скъолайæн рахицæн кодта музыкант Тедеты Петр.

"Фыццаг уроктæ нæ ахуыргæнджытæ уагътой Тедеты Петры хæдзары. Уый рахицæн кодта дыууæ хатæны музыкалон скъолайæн. Тынг зын рæстæджытæ уыдысты, фæлæ мах цадæггай цыдыстæм нæ нысанмæ, цæмæй рæзгæ фæлтæримæ адих кæнæм нæ зонындзинæдтæ", — дзуры уый.

1970-æм азы музыкалон скъолæйы коллектив æрбынат кодта ног бæстыхайы, цыран ахуыргæнджытæ цайдагъ кодтой ахуыргæнинæгты музыкæйыл.

© Sputnik / Алексей КовалевМузыкалон скъолайы юбилей
Юбилей музыкальной школы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Музыкалон скъолайы юбилей

Скъолайы рауагъдонты æхсæн ис бирæ курдиатджын музыканттæ æмæ композитортæ, куыд композитор Плиты Жаннæ, РХИ сгуыхт артист Харебаты Тимур, РХИ гимны автор Æлборты Феликс. Бирæтæ дзы не ‘хсæн нал сты, фæлæ сын алы ирон дæр зоны сæ нæмттæ æмæ сын кад кæны сæ хайбавæрды тыххæй Хуссар Ирыстоны аивады райрæзты хъуыддагмæ.

Директоры ныхæстæм гæсгæ, музыкалон скъолайы ахуыргæнинæгтæ алыгъуызон конкурсты архайгæйæ, бацахсынц призон бынæттæ.

"Ахуыр нæм кæны курдиатджын сывæллæттæ. Кæд сæ скъолайы ахуырæй тынг не вдæлы, уæддæр сывæллæттæ рахицæн кæнынц рæстæг музыкалон ахуырадæн дæр. Уый æвæрццагæй æндавы сæ æнтыстытыл дæр", — дзуры Тедеты Маринæ.

85 азы юбилейы цытæн нывонд концерт байгом кодта сывæллæтты хор Дзаттиаты Маринæйы къухдариуæгадæй. Зæлыдысты музыкалон зæлтæ скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгты сæххæстæй. Уыдон æвдыстой сæ арæхстдзинад фортепиано, гитарæ, аккордеон æмæ домрæйыл цæгъдынæй. Сæххæст кодтой куыд ирон композиторты, афтæ дунейон классикты уацмыстæ.

Бонвӕрнон-ы къухдариуӕггӕнӕг Тедеты Алена йӕ ахуырдзауимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бонвӕрнон" - хуссарирыстойнаг ӕрыгон музыкантты куырдадз

Музыкалон скъола цы рæстæг кусы, уыцы рæстæг йæ ахуыргæнджытæ стыр хайбавæрд бахастой Хуссар Ирыстоны аивады размæцыды хъуыддагмæ. Республикæйы президент педколлективæн загъта бузныджы ныхæстæ, директор æмæ ахуыргæнджыты схорзæхджын кодта кады грамотæтæй.

"Юбилейон концерт ацыд бæрзонд æмвæзадыл. Ацы курдиатджын сывæллæттæм гæсгæ, фидарæй зæгъæн ис, нæ адæмæн кæй ис рухс фидæн. Сымах хæссут стыр хайбавæрд республикæйы аивады размæцыдмæ", — загъта Тыбылты Леонид.

Юбилейон концерты кæрон скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ иумæйагæй сæххæст кодтой зарæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0