Юстицийы министрад фæдзæхсы…

© Sputnik / Ада БагианРХИ юстицийы министрад
РХИ юстицийы министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног домӕнтӕм гӕсгӕ, партиты хыгълæвæрды æвдыст хъуамæ уа информаци иу азы мидæг бакæнгæ куысты фæдыл, партийы уæнгты нымæц, куысты бынæттæ æмæ адрестимæ.

ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны юстицийы министрад арвитдзæн фæдзæхстытæ, политикон партиты фæдыл законмæ ног барастгæнинæгтæм гæсгæ хыгъдтæ чи нæ æрбавдиса, уыцы партитæм, фехъусын кодта Sputnik паддзахадон регистрацийы хайады гæс Кокойты Аринæ.

Политикон партиты фæдыл закъонмæ ног барастгæнинæгтæм гæсгæ, партиты сконды хъуамæ уа 300 уæнджы бæсты 500. Хыгълæвæрды æвдыст хъуамæ уа информаци иу азы мидæг бакæнгæ куысты фæдыл, партийы уæнгты нымæц, куысты бынæттæ æмæ адрестимæ.
Кокойты Аринæйы ныхæстæм гæсгæ, ныры онг хыгъдлæвæрд сарæзтой 14 регистрацигонд партитæй æрмæстдæр фондз.

"Хыгъдлæвæрдтæ хъуамæ æрбавдыстаиккой 15 марты онг. Уый фæстæ, цалдæр партиты лидерты курдиатмæ гæсгæ, мах адарддæр кодтам уыцы æмгъуыд, фæлæ нырма хыгъдлæвæрдтæ сарæзтой æрмæстдæр партитæ "Ног Ирыстон", " Хорздзинад æмæ рæстдзинад", "Рæстдзинад. Фæллой. Размæцыд", "Алантæ" æмæ "Коммунистон парти", — загъта Кокойты Аринæ.

Уый бамбарын кодта, майрæмбоны юстицийы министрад кæй арвитдзæн партиты лидертæм фæдзæхст ацы аз 5 майы онг хыгъдлæвæрдтæ æрбавдисыны домæнимæ. Иу адæймаг дыууæ кæнæ фылдæр партион номхыгъды уæвынад сбæрæг кæныны тыххæй бакуыст æрцыд политикон партиты уæнгты хыгъды автоматикон программæйыл.

"Программæмæ хаст æрцæуынц алы партийы уæнгты бæрæггæнæнтæ дӕр. Кæд программæ рабæрæг кæна иугъуызон хисæрмагонд бæрæггæнæнтæ, уæд автоматикон æгъдауæй равдисы ацы бæрæггæнæнтæ æмæ цы партиты хыгъдты сты. Ацы программæ у тынг ахсджиаг нæ куысты æмæ йыл дарддæр цæудзæн бакуыст", — загъта уый.

РХИ парламенты агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламент иуварс кӕны иубонон партиты

Цалынмæ партитæ иууылдæр не ‘рбавдисой хыгъдлæвæрдтæ, уæдмæ нæй фадат сбæрæг кæнын æмбæстæгты, кæцытæ уæвынц дыууæ партийы номхыгъдты.

Ног домæнтæм гæсгæ, хыгъдлæвæрдтæ райсгæйæ, фадат уыдзæн сбæрæг кæнын æфсæддон службæгæнджыты, кæцытæн нæй бар политикон партиты сконды уæвын.

Кокойты Аринæйы ныхæстæм гæсгæ, партитæ иууылдæр фидарæй дзурынц, кæй æрæмбырд кодтой æнæмæнгхъæуæг 500 уæнджы, кæд æмæ архайгæ закæттæм гæсгæ æфсæддон службæгæнджытæн нæй бар политикон партиты сконды уæвын, уӕддӕр.

Кокойты Аринæ бафтыдта, фæстаг дыууæ мæйы кæй не срегистраци кодтой дыууæ парти — "Ирон фарн" æмæ "Астæ", уымæн æмæ ацы баиугæндты документаци дзуапп нæ лæвæрдта регистрацийы уагæвæрдæн. Ныртæккæ Юстицийы министрад ахуыр кæны "Либералон-демократон парти"-йы документтæ, кæцы æнхъæлмæ кæсы регистрацимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0