Тæрхондон аскъуыддзаг кодта Обри Мишель Аллены депортаци Америкӕмӕ

© Sputnik / Дзерасса БиазартиОбри Мишель Аллен тæрхондоны залы
Обри Мишель Аллен тæрхондоны залы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кæд Обрийæн радтой рæстæгмæ æмбæхсæн, уæд ын фадат уыдзæн РЦИ-А уæлдæр тæрхондонмæ курдиат бадæттын, фæлæ депортацийы тыххæй тæрхон йæ тыхы бацыд æмæ Обрийы гæнæн ис Уæрæсейæ феддæдуар кæной цыфæнды рæстæг дæр.

ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik, Биазырты Дзерассæ. Цæгат Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон нæ аивта РЦИ-А Горæтгæрон районон тæрхондоны уынаффæ америкæйаг æмбæстаг Обри Мишель Аллены административон фæткхалды хъуыддаджы фæдыл, афтæ ма не сразы адвокаты кассацион хъастыл, кæцы тæрхондонæй куырдта Обрийы тæрхон аивын, цӕмæй йæ ма феддæдуар кæной Уæрæсейы территорийæ.

Америкæйаг Обри Мишель Аллен Цæгат Ирыстонмæ æрцыд Пенсильванийæ, цæмæй чындзы ацæуа бынæттон цæрæг Хацырты Аланæй. Фæлæ чызджы фæаххосджын кодтой Уӕрӕсейӕ территорийыл уӕвыны режим фехалыны хъуыддаджы.

Обрийы адвокат, Табуты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, районон тæрхондоны скъуыддзаг нæ уыд гуманон æмæ чыджы æрдыгæй фехалгæ фæткæвæрды æмбæрц.

"Визæ райсыны рæстæджы уый банысан кодта, цы горæттæм æй фæнды фæуазæг уæвын, уыдон нымæцы уыд Мæздæг дæр. Куы æрцыд, уæд æвæстиатæй бацыд миграцион службæмæ, фæлæ нæдæр разыдзинад райста, нæдæр тобæ æмæ йыл уыцы бон сарæзтой протокол дæр", — банысан кодта адвокат.

Тæрхондоны фарстæн, зæгъгæ, миграцион службæйæн бар уыд Обри Мишель Алленæн разыдзинад раттын Виноградноейы хъæуы æрлæууын æви нæ, Федералон миграцион службæйы минæвар загъта, зæгъгæ сæм фæсарæйнаг æмбæстаг куы æрбахата, уæд æй кусджытæ хъуамæ срегистраци кæной, зонæ регламентгонд у æви нæ, уымæ æнæкæсгæйæ.

Обри Мишель Аллен, архивон къам. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Обри Мишель йӕ ирон уарзоны тыххӕй загъта "нӕ" америкӕйаг ӕмбӕстагадӕн

Хацырты бинонтæ æмæ хиуæттæ дзурынц, чызгимæ дыууæ хатт кæй ныхас кодтой Æдасдзинады федералон службæйы кусджытæ — фыццаг хатт, куы фæлвæрдта срегистраци кæнын Мæздæджы районы, дыккаг хатт та — йæхи куы срегистраци кодта Горæтгæрон районы территорийыл, кæцы куыд рабæрæг, афтæмæй у регламентгонд. Чызгимæ цы æдасдзинады паддзахадон службæйы кусджытæ ныхас кодтой, уыдон фидарæй дзырдтой, кæй никуы федтой чызджы æмæ нæ ныхас кодтой йемæ.

Обри тæрхондонæн фехъусын кодта, Уæрæсейы территоримæ кæй æрцыд туристон визæйæ. Визæ райсыны рæстæджы уый банысан кодта, Уæрæсейы кæй хъуамæ бацæуа Мæскуы, Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæджы горæттæм. Визæйон центры ницы фæдзæхст райста Мæздæджы районмæ бацæуынæн арæнæвæрды тыххæй.

Тæрхонгæнæг æнæнхъæлæджы бафарста Обрийы, куыд турист, афтæ йын цæмæй цымыдисон уыд Мæздæг. Чызг загъта, Мæздæджы районмæ кæй цыд æрмæстдæр уый тыххæй æмæ Винограднойы хъæуы кæй цæры йæ уарзон Хацырты Алан, кæцыимæ дыууæ азы размæ базонгæ ис Интернеты руаджы.

© Sputnik / Дзерасса БиазартиОбри Мишель тӕрхондонон рабадты фӕстӕ
Обри Мишель Аллен после судебного заседания. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Обри Мишель тӕрхондонон рабадты фӕстӕ

Тæрхонгæнæджы фарст, цы курæг у Обри Мишель Аллен, чызг ратта дзуапп, курæг кæй у, цæмæй йын раттой дыккаг шанс æмæ ракуырдта хатыр Цæгат Ирыстоны Уæлдæр тæрхондонæй.

"Ныххатыр мын кæнут, алкæмæн дæр кæй æрхастон зынвадæттæ æмæ кæй дæн аххосджын ахæм вазыгджын уавæры сывзæрдæн. Афтæ æрцыд уымæн æмæ æз æмбæлон бæрцæй нæ зыдтон уырыссаг æвзаг æмæ мæм нæ уыд информаци Мæздæджы районы территорийыл уæвынады тыххæй", — загъта чызг.

Процессы рæстæджы ма фæбæрæг, Обрийæн лæвæрд кæй не ‘рцыд лигъдоны статус дæр. Фæлæ, адвокаты ныхæстæм гæсгæ, нырма нæ райстой дзуапп Обрийæн рæстæгмæ æмбæхсæн раттыны тыххæй.

Кæд æмæ Обрийæн лæвæрд æрцæуа рæстæгмæ æмбæхсæн, уæд тæрхонгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, уымæн уыдзæн бар ногæй бахатын РЦИ-А Уæлдæр тæрхондонмæ æмæ фæзындзæн фадат тæрхонмæ ногæй æркæсын. Фæлæ, адвокаты ныхæстæм гæсгæ, депортацийы фæдыл скъуыддзаг бацыд йæ тыхы, уый та нысан кæны æмæ Обри цыфæнды рæстæг дæр депортаци æрцæудзæн Уæрæсейы территорийæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0