Цхинвайлаг скъоладзаутӕ сарӕзтой мæнгдзинады детектор

© Sputnik / Фатима ПлиеваӔвзонг техникты станцӕ
Ӕвзонг техникты станцӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног гӕрзӕг фыццаг ӕрыгон инженертӕ бафӕлвӕрдтой сӕхиуыл ӕмӕ сын раргом кодта сӕ гӕды ныхӕстӕ иууылдӕр.

ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг техникты станцӕйы баиугӕнд "радиоконструкцигӕнынады" ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ къухдариуӕггӕнӕгимӕ сцӕттӕ кодтой мæнгдзинады детектор. Ног гӕрзӕг фыццаг ӕрыгон инженертӕ бафӕлвӕрдтой сӕхиуыл ӕмӕ сын раргом кодта сӕ гӕды ныхӕстӕ иууылдӕр.

Баиугӕнды ахуыргӕнӕг Плиты Инал йӕ хъомылгӕнинӕгтӕй у тынг буц, кӕд сӕ мæнгдзинады детектор бынтон ӕнӕаипп нӕ рауад, уӕддӕр.

"Нӕ ног мигӕнӕн сывӕллӕттӕ фыццаг бафӕлвӕрдтой сӕхиуыл ӕмӕ дзы райгондӕй баззадысты — куы сайынц, уӕд ссудзы сырх рухс. Рабӕрӕг дзы кӕнынц, скъолайы ӕвзӕр нысӕнттӕ чи райсы, уыдоны. Сывӕллон куы сайы уӕд, тынгдӕр тыхсы, йе нгуылдзтӕ ахид вӕййынц ӕмӕ уыдон мӕнгдзинад рабӕрӕг кӕны алыхатт дӕр, фӕлӕ хистӕр кары адӕмыл дӕр афтӕ ӕндавдзӕн, уый зын зӕгъӕн у", — банысан кодта Инал.

© Sputnik / Фатима ПлиеваӔвзонг техникты станцӕ
Станция юных техников - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕвзонг техникты станцӕ

Ахуырдзаутӕ станцӕйы цӕттӕ кӕнынц бирӕ хъӕугӕ мигӕнӕнтӕ. Мӕгуырау авналӕнтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, аразынц гӕрзӕгтӕ брейн-рингы хъӕзтытӕн, хъӕдырмӕгыл фыссыны конструкци, уымӕй дарддӕр аразынц алыгъуызон мигӕнӕнтӕ хъӕдырмӕгӕй. Сӕхи къухӕй цы мигӕнӕнтӕ цӕуынц, уыдон сывӕллӕттӕ лӕвар кӕныц се ‘ввахс адӕмӕн, фӕлӕ ахуырадон уагдоны фӕнды фӕстӕдӕр сӕ кустытӕн дукани саразын.

"Иууыл фылдӕр сывӕллӕттӕ архайы арӕхстджын къухты биугонды. Хъӕдын дурынтӕ, цӕхдарӕнтӕ, агуывзӕтӕ, чыргъӕдтӕ, наутӕ, бандӕттӕ — сӕ къухтӕй ма цынӕ цӕуы. Фӕнды нӕ уыдонӕн дукани бакӕнын, цӕмӕй ӕрыгон ӕрмдӕснытӕ разӕнгард кӕной ног цымыдисон мигӕнӕнтӕ аразынмӕ", — радзырдта станцы ахуыргӕнӕг Цхуырбаты Роланд.

Уагдоны ӕдыппӕтӕй ахуыр кӕны 200 сабийы онг. Сывӕллӕтӕн равзарӕн ис 14 баиугондӕй, уыдоны 'хсӕн математикӕ, физикӕ, хими, радиоконструкцигӕнынад, наутӕ аразыны ӕмӕ ӕндӕр здӕхӕнтӕ.

Фӕлӕ коллективы куыст бирӕбӕрцӕй къуыхцы кӕнынц ӕдзӕллаг уавӕртӕ. Станцӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 1938 азы. Дӕсгай ӕзты дӕргъы уый цалцӕг никуы баййӕфта. Уымӕйдарддӕр ма агъуыст бахъыгдард ӕрцыд 2008 азы хӕсты рӕстӕджы дӕр. Бӕстыхай у кӕлӕддзаг, фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, йӕ куыст иу бон дӕр никуы ӕрурӕдта.

© Sputnik / Фатима ПлиеваСтанцӕйы бӕстыхай у кӕлӕддзаг
Станция юных техников - Sputnik Хуссар Ирыстон
Станцӕйы бӕстыхай у кӕлӕддзаг

Иу рӕстӕджы агъуыст фӕнд кӕдтой бынтондӕр ныппырх кӕнын, станцӕ та бынтондӕр сӕхгӕнын. Фӕлӕ коллективы бирӕнымӕц хъастыты фӕстӕ скъуыддзаг ӕрцыд бӕстыхай капиталон ӕгъдауӕй сцалцӕг кӕнын.

Ӕвзонг техникты станц капиталон ӕгъдауӕй сцалцӕг кӕнынӕн фӕрӕзтӕ хаст ӕрцыдысты 2016 азы Инвестицион нывӕзтмӕ, уымӕ гӕсгӕ, коллектив ӕввахс рӕстӕджы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц аразджытӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0