Саакашвили æртхъирæн кæны фæззæджы фæстæмæ Гуырдзыстонмæ æрæздæхын

© Сергей Гунеев /  Ахизын медиабанкмæМихаил Саакашвили
Михаил Саакашвили - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстоны экс-президенты фидарæй уырны, йæ команда парти "Иугонд националон змæлд" кæй фæуæлахиз уыдзæн ацы фæззæджы парламентон æвзæрстыты. Михаил Саакашвилийы фарсхæцджытæ бæстæйæн хицауиуæг кодтой 2003 – 2009 азты.

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Гуырдзыстоны раздæры президент, ныр та Одессæйы областы губернатор Михаил Саакашвилийы фидарæй уырны, йæ команда парти "Иугонд националон змæлд" кæй фæуæлахиз уыдзæн ацы фæззæджы парламентон æвзæрстыты, цæй фæстæ уый фæнд кæны йæ райгуырæн бæстæмæ æрæздæхын.

"Ис дыууæ тыхы, иу дзы баст у Бидзина Иванишвилиимæ, дыккаг та мæ мемæ, æртыккаг ацы этапы ницы ис. Уымæй дарддæр алцыдæр у имитаци",- загъта Саакашвили телекомпани "Рустави 2"-йы эфиры.

Экс-президенты ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстыты фæстæ уый фæнд кæны Райгуырæн бæстæмæ æрæздæхын, фæлæ Украинæйы "йæ мисси" уадзынмæ нæ хъавы.

Парти "Иугонд националон змæлд" Гуырдзыстоны къухдариуæгад кодта фараст аз. 2012 азы парламентон æвзæрстыты рæстæджы хицауадмæ æрцыд миллиардер Бидзина Иванишвилийы коалици "Гуырдзыстоны бæллиц", фæлæ оппозицийы фидарæй дзуры, политикæйæ йæ ацыды фæстæ дæр уый бæстæйæн кæй разамынд кæны "кулуартæй".

Саакашвили йæ райгуырæн бæстæйæ ацыд 2013 азы ноябры — бæстæйы ног президент Георгий Маргвелашвили йæ хæстæ æххæст кæнынмæ куы æрæвнæлдта. Гуырдзыстоны сæйраг прокуратурæ фæсаууонмæ бакодта экс-президенты ныхмæ цалдæр уголовон хъуыддаджы, уый нымæцы паддзахадон фондз милуан доллар ныппаплой кæныны тыххæй. Фарон декабры Саакашвилийæн байстой йæ гуырдзыстойнаг æмбæстагад.

Ног хабӕртты лентӕ
0