Зынгирвæзтты аххосæй Хуссар Ирыстоны фесæфдзысты цæрæгойты хуызтæ

© Архив Владимира ГабаеваПтица в гнезде, Южная Осетия
Птица в гнезде, Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæ цæхæрæдæттæ сыгъдæг кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ арæх бафтауынц арт кæлддзаг хъæдыл, кæцы суыдзæн хæрдмæдзог цъиуты, уæрццытæ æмæ булæмæргъты куынæджы аххосæг, загъта Sputnik Габаты Владимир.

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Арæх зынгирвæзттæ æмæ ссыгъдтæ суыдзысты Хуссар Ирыстоны бирæ цæрæгойты æрбайсæфты аххосæг.

Республикон УУМ-ы радгæсон хай æрвылбондæр нысан кæны кæрдæджы ссыгъдтæ, цæй аххосæг вæййы адæймагон фактор.

"Сыгъдхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайы кусджытæ бон цалдæр хатт ацæуынц зынгырвæзтимæ тох кæнынмæ. Алыхаттдæр зынджы аххосæг свæййы, цæрджытæ сæ цæхæрæдæттæ ссыгъдæг кæныны фæстæ сæ бырæттыл арт кæй бафтауынц. Арт апарахат вæййы æмæ бахъæуы сыгъдхуыссынгæнджытæм æххуысмæ дзурын",- загътой пресс-службæйы.

Афтæмæй, арæх зынгирвæзттæн уыдзæн уæззау фæстиуджытæ. Хуссар Ирыстоны зынгæ биолог-географ Габаты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, "кæрдæг æнæконтролонæй судзыны аххосæй фæтары уыдзысты цæрæгойты, мæргъты стæм хуызтæ, афтæ ма хæфсытæ æмæ кæлмытæ".

"Мæргъты кæцыдæр хуызтæ, куыд хæрдмæдзог цъиутæ, уæрццытæ æмæ булæмæргътæ, ахстæттæ аразынц зæххыл. Фаунæйы бирæ минæвæрттæ кæрдæг судзыны аххосæй сафынц сæ хæдзæрттæ æмæ хæрд, сæ агурæг ацæуынц æндæр бынатмæ, кæнæ та бынтондæр бабын вæййынц зынджы",- бамбарын кодта уый.

© Архив Владимира ГабаеваБиолог Владимир Габаев
Биолог Владимир Габаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Биолог Владимир Габаев

Уымæй дарддæр ма, кæрдæгыл артæфтыд, хæссы зиан регионы климатæн дæр. Масштабон зынгирвæзты рæстæджы уæлдæфмæ аирвæзы бирæ бæрц æвзалытуаг газ, арт ма æнæхъæнæй скуынæг кæны зæххы микрофлорæ дæр. Республикæйы биологты мæты æфтауы фаунæйы кæцыдæр минæвæрттæ бынтондæр куы фесæфой.

"Мах иу æмæ дыууæ хатт нæ дзырдтам кæрдæгыл артæфтыды зианы тыххæй. Хуссар Ирыстоны нал баззад фаунæйы бирæ минæвæрттæ, æмæ ныридæгæн куы нæ батыхсæм æмæ куы нæ райсæм æмбæлон мадзæлттæ, уæд стæм хуызтæ бынтондæр фесæфдзысты",- банысан кодта Габаты Владимир.

Ахæм проблемæйы тыххæй раздæр фехъусын кодтой Цæгат Иры ахуыргæндтæ. Уым æнæконтрол артæфтыды аххосæй фесæфынæй тас у цæгаткавказаг фазантæ, уыгтæ æмæ æндæр мæргътæн, кæцытæ хаст сты Сырх чиныгмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0