Цæгат Иры раргом кодтой ветерантæн хæдзæртты тыххæй фæрæзты адавд

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæÆдасдзинады федералон службæ
Æдасдзинады федералон службæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæдагуырд сбæлвырд кодта, фыдгæнæг кæй сарæзта мæнг документтæ хæдзары сертификат райсыны тыххæй, кæцы æмбæлд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветераны идæдзмæ. Райсгæ æхцатæй уый йæхицæн балхæдта хæдзар.

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Æдасдзинады федералон службæ (ÆФС) æмæ Мидхъуыддæгты министрад сбæлвырд кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн хæдзæртты тыххæй бюджетон фæрæзты адавд, фехъусын кодтой ÆФС-йы регионалон управленийы пресс-службæйы.

Оперативон кусджытæ сбæлвырд кодтой, Цæгат Иры цæрæг кæй сарæзта мæнг документтæ хæдзары сертификат (830 мин сомы бæрц) райсыны тыххæй, кæцы æмбæлд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветераны идæдзмæ.

"Райсгæ фæрæзтæ фыдгæнæг фæстæдæр аздæхта йæхи пайдайæн", — банысан кодта управленийы минæвар.

Фыдгæнæджы ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг, фæдагуырд бæлвырд кæны, уый ма ахæм фыдракæндты хайад иста æви нæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0