Ӕппӕтреспубликон "Брейн-ринг"-ы уӕлахидзау ссис Цхинвалы 1-ӕм скъолайы командӕ

© Sputnik / Фатима Плиты Ӕппӕтреспубликон "Брейн-ринг"
Ӕппӕтреспубликон Брейн-ринг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Интеллектуалон ерысты дыккаг бынат бафтыд Цхинвалы 10-ӕм скъолайы командӕ "Фаллаг фарс"-ы къухы. Призерты нымӕц ма баххӕст кодта Знауыры районы Бехъмары скъолайы командӕ.

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. "Брейн-ринг"-ы ӕппӕтреспубликон хъӕзтыты Хуссар Иры хайад райстой фараст скъолайон командӕйы, уыдонӕй иууыл цӕттӕдӕр разынд Цхинвалы фыццӕгӕм скъолайы командӕ "Барсы".

Интеллектуалон ерысты ныхмӕлӕууӕг командӕтӕ ӕвзӕрст ӕрцыдысты халӕппӕрсты руаджы. Хъазты скъоладзаутӕ сӕ зонындзинӕдтӕ фӕлвӕрдтой алы ӕмӕ алы къабӕзты, организатортӕ фарстытӕ бацӕттӕ кодтой чингуытӕ "100 великих людей", "100 великих чудес природы" ӕмӕ "100 великих чудес света"-мӕ гӕсгӕ.

Дыккаг бынат та бацахста Цхинвалы 10-ӕм скъолайы командӕ "Фаллаг фарс". Призерты нымӕц ма баххӕст кодта Знауыры районы Бехъмары скъолайы командӕ "Бехъмар" — уый та ацыд ӕртыккаг бынатыл.

© Sputnik / Фатима ПлитыӔппӕтреспубликон "Брейн-ринг"
Ӕппӕтреспубликон Брейн-ринг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕппӕтреспубликон "Брейн-ринг"

Уӕлахиздзаутӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты дипломтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй. Скъолайон командӕтӕм бацыдысты хистӕр кълӕсты ахуыргӕнинӕгтӕ.

"Брейн-ринг"-ы хъӕзтытӕ уагъд ӕрцыдысты РХИ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты тыхтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0