Цхинвайлаг скъоладзаутӕ бавзӕрстой сӕ зонындзинӕдтӕ интеллектуалон хъазты

Рафыссын
"Брейн-ринг"-ы ӕппӕтреспубликон хъӕзтыты Хуссар Иры хайад райстой фараст скъолайон командӕйы, уыдонӕй иууыл цӕттӕдӕр разынд Цхинвалы фыццӕгӕм скъолайы командӕ "Барсы".

Дыккаг бынат та бацахста Цхинвалы 10-ӕм скъолайы командӕ "Фаллаг фарс". Призерты нымӕц ма баххӕст кодта Знауыры районы Бехъмары скъолайы командӕ "Бехъмар" — уый та ацыд ӕртыккаг бынатыл.

Интеллектуалон ерысты ныхмӕлӕууӕг командӕтӕ ӕвзӕрст ӕрцыдысты халӕппӕрсты руаджы. Хъазты скъоладзаутӕ сӕ зонындзинӕдтӕ фӕлвӕрдтой алы ӕмӕ алы къабӕзты, организатортӕ фарстытӕ бацӕттӕ кодтой чингуытӕ "100 великих людей", "100 великих чудес природы" ӕмӕ "100 великих чудес света"-мӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0