Баскетболы турнир рамбылдта Цхинвалы 2-ӕм скъолайы лӕппуты командӕ

© Sputnik / Алексей КовалевБаскетбол
Баскетбол - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Призерты нымӕцмӕ бахызтысты гимнази "Альбион" ӕмӕ ӕртыккӕгӕм скъолайы командӕтӕ дӕр. Турниры призтыл ныр та тох кӕнынц чызджыты командӕтӕ.

ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕппӕтреспубликон турниры баскетболӕй лӕппуты ‘хсӕн фӕуӕлахиз Цхинвалы дыккӕгӕм скъолайы командӕ, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Турнир нывонд уыд Ирыстоны зынгхуыст хъайтартӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты нӕмттӕн, кӕцытӕ хъӕбатырӕй фӕмард сты 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты фӕстиуӕгӕн. Дыууӕ дӕр сӕ амӕлӕты фӕстӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты Хуссар Иры иууыл стырдӕр ӕфсӕддон хорзӕх — орден Уацамонгӕйӕ.

Ирыстоны Хъайтартæн нывонд турнир баскетболæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны Хъайтартæн нывонд турнир баскетболæй

"Ерысты дыккаг бынат бацахста гимнази "Альбион"-ы командӕ, ӕмӕ ӕртыккаг призон бынат та фӕцис Цхинвалы ӕртыккӕгӕм скъолайы командӕйы", — радзырдтой комитеты.

Уагдоны ма банысан кодтой, командон ерысты чызджытӕ кӕй архайыц хицӕнӕй, лӕппутӕ та хицӕнӕй. Йеныр та призтыл тох адарддӕр кӕндзысты чызджыты командӕтӕ.

Турнирӕн хатдзӕгтӕ сараздзысты 29 апрелы, уӕд фӕбӕрӕг уыдзысты хуыздӕр командӕтӕ чызджыты ‘хсӕн дӕр.
Ерыстӕ цӕуынц спартакиадӕйы фӕлгӕтты, конд сты ӕртӕ этапӕй. Архайынц сӕ астӕуккаг ахуырадон уагдӕтты командӕтӕ. Баскетболы турнир организацигонд у фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет, ахуырады министрад ӕмӕ баскетболы федерацийы тыхтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0