Санаты Аида дыккаг хатт ссис дунейы уӕлахиздзау фехтованийӕ

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæСанаты Аида
Санаты Аида - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дунейы чемпионаты финалы Уӕрӕсейы ӕмбырдгод Санаты Аида, Инна Дериглазова ӕмӕ Аделина Загидуллина йы скондӕй тох кодта Италийы командӕимӕ. Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд ссис ерысты уӕлахиздзау.

ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Ирон рапиристкӕ Санаты Аида Рио-де-Жанейройы рамбылдта дунейы чемпионаты сыгъзӕрин майдан, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрад.

Санаты Аида архайдта Уӕрӕсейы командӕйы сконды Инна Дериглазова ӕмӕ Аделина Загидуллинаимӕ иумӕ.

"Санаты Аида рамбылдта Мартина Батинийы 5:3 хыгъдӕй, уый фӕстӕ тох адарддӕр кодта Инна Дериглазова. Уый иу фембӕлд фӕхӕрд ис 5:7 хыгъдӕй, фӕлӕ тох рамбылдта 45:39 бӕрӕггӕнӕнтимӕ ӕмӕ йӕ командӕйӕн ӕрхаста уӕлахиз", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Санаты Аида у 2008 азы Олимпиаг хъӕзтыты уӕлахиздзау, Европӕ ӕмӕ дунейы уӕлахиздзау, бирӕнымӕц ерысты призер.

Ног хабӕртты лентӕ
0