Сывӕллӕтты омбудсмен: мӕ ног куыст сфидар кӕндзӕн сывӕллӕтты хъахъхъӕныны системӕ

© Сайт президента РЮОТыбылты Леонид сфидар кодта ӕххӕстбарджын минӕвары сывӕллӕтты барты фӕдыл
Тыбылты Леонид сфидар кодта ӕххӕстбарджын минӕвары сывӕллӕтты барты фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент апрелы сфидар кодта фыццаг хатт ӕххӕстбарджын минӕвары сывӕллӕтты барты фӕдыл. Ацы бынатмӕ, конкурсы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, нысан ӕрцыд Козаты Гульнара.

Козаты Гульнара ахуырады фадыджы кусы ныр 15 азы. Конкурсы хайад райсынмӕ йӕ сразӕнгард кодта сывӕллӕтты барты бахъахъхъӕныны институт раразмӕ кӕныны фӕнд. Йӕ интервьюйы Sputnik Гульнара радзырдта ацы бынаты йӕ фыццаг къахдзӕфты тыххӕй.

— Республикӕйы къухдариуӕгад стыр хъусдард здахы рӕзгӕ фӕлтӕрты проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕныны фарстытӕм, уымӕ гӕсгӕ бакодтой ног хæсад. Уый баххӕст кӕндзӕн сывӕллӕтты барты бахъахъхъӕныны системӕ.

—  Ацы бынаты дӕ фыццаг къахдзӕфтӕ цы уыдзысты?

Президент фембæлд Козаты Гульнараимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны фæзынд сывæллæтты фæдыл æххæстбарджын

— Ацы бынат ног кӕй у, уый хынцгӕйӕ фыццаг хъӕуы саразын нормативон- барадон бындуртӕ ӕххӕстбарджыны куыстӕн. Уый тыххӕй фыццаг рады сфидар кӕнын хъӕуы ӕмгуыстад уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ — сывӕллӕтты барты фӕдыл УФ президенты ӕххӕстбарджынимӕ ӕмӕ уӕрӕсейаг регионты нӕ коллегӕтимӕ. Ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у ӕнгом ӕмархайд кӕнын республикӕйы бӕрнон службӕтимӕ- горӕттӕ ӕмӕ районты ӕнахъомты фӕдыл хайӕдтимӕ ӕмӕ мидхъуыддӕгты органтимӕ, кӕцытӕн ис фӕлтӕрддзинад ацы фадыджы.

—  Дӕ архайды сӕйрагдӕр хӕстыл цы нымайыс?

— Ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у, сывӕллоны бартӕ хӕлд куы цӕуой, ахӕм цаутӕ рӕстӕгыл рабӕрӕг кӕнын, уӕлдай нӕу, фӕткхалд бинонты ‘хсӕн уа ӕви бӕрон кусджыты ‘рдыгӕй. Хъӕуы сахуыр кӕнын, республикӕйы сывӕллӕтты бартӕ куыд хъахъхъӕд цӕуыц, уый. Мах бацӕттӕ кӕндзыстӕм æнхъарæнтӕ ацы фадыджы закъондӕттынад баххӕст кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0