Уæрæсейы НКФС Сыбыраг институт бацæттæ кæндзæн кадртæ Хуссар Ирыстонæн

Парад Цхинвалы
Парад Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Институты цалдæр азы ахуыр кæнынц хуссарирыстойнаг абитуриенттæ æмæ барадхъахъхъæнæн органты кусджытæ. Ацы аз дæр та республикæйы мидхъуыддæгты министрад арвитдзæн йæ кусджыты УФ наркотикты æрзылды контролы федералон службæйы Сыбыраг юридикон институтмæ.

ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады кусджытæ рацæудзысты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæ Уæрæсейы наркотикты æрзылды контролы федералон службæйы (НКФС) Сыбыраг юридикон институты. Уый тыххæй бадзырд сарæзтой мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар æмæ уæлдæр ахуырадон уагдоны сæргълæууæг, инæлар майор Игорь Медведевимæ фембæлды рæстæджы, фехъусын кодтой уагдоны пресс-службæйы.

Хуссарирыстойнаг министр ивгъуыд къуыри кусæгон балцимæ уыд УФ НКФС Сыбыраг юридикон институты.

"Уæлдæр ахуырадон уагдоны сæргълæууæг, инæлар-майор Игорь Медведевимæ фембæлды рæстæджы дзырд цыд Хуссар Ирыстонæн бæрзондквалификацион кадртæ бацæттæ кæныны фарстыл наркотикты æнæзаконон æрзылды ныхмæ тохы къабазы", — загъта мидхъуыддæгты министрады минæвар.

Уагдоны сæргълæууæг ма фембæлд Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ студенттимæ, кæцытæ ахуыр кæнынц ацы институты.

"Курсанттæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр ахуыр кæнын æмæ цæрынæн. Уыдон тыххæй мах райстам æвæрццаг аргъгæндтæ. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрад ацы аз дæр арвитдзæн ахуырмæ йæ кусджыты Сыбыраг юридикон институтмæ", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Уæрæсейы НКФС Сыбыраг юридикон институт ис наркотикты æрзылды фæдыл контролы УФ федералон службæйы дæлбар æмæ цæттæ кæны кадртæ барадхъахъхъæнæн органтæн. Ахуырадон уагдоны кусы фæсарæйнаг специалисттæ бацæттæ кæныны факультæт, цыран ахуыр кæнынц Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады кусджытæ уагдон ӕмӕ Уæрæсейы НКФС æхсæн бадзырды фæлгæтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0