Арæнхъахъхъæнджытæ хайад исынц Sputnik проект "Ацы Уæлахиз æрхаста…"-йы

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæСпутник Хуссар Ирыстон
Спутник Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РХИ уæвæг Уæрæсейы Федерацийы Арæнгæрон управленийы кусджытæ райстой хайад Sputnik проект "Ацы Уæлахиз æрхаста…"

ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. 9 майæн нывонд, информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон проект "Ацы Уæлахиз æрхаста…"-йы ног хайадисджытæ ссисты Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы ÆФС арæнгæрон управленийы кусджытæ.

Социалон хызæгты акци #ЭтуПобедуКовал ссис Уæлахизы бонмæ агентады проекты фыццаг этап æмæ йæ активы ныридæгæн æрæмбырд кодта республикæйы цæрджыты дæсгай историтæ. Иууыл ирддæртæ дзы мыхуыр æрцыдысты портал Sputnik Хуссар Ирыстоны. Проекты дыккаг этапы фæлгæтты та Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ интервьюйы форматы радзурдзысты Уæлахизы хъуыддагмæ сæ хайбавæрды тыххæй.

Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы ÆФС арæнгæрон управленийы пресс-службæйы къухдариуæггæнæг Виктор Веркау дзуры: "Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдырты кæддæр чи тох кодта, уыдон хъæбулы хъæбултæ ныр службæ хæссынц Хуссар Ирыстоны".

Проект Ацы Уæлахиз æрхаста…. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ацы Уæлахиз æрхаста… Гордей Чекулаев

"Алкæмæн дæр ис хиуæттæ æмæ хæстæджытæ, кæцытæ истой хайад 1941-1945 азты цауты. Проект "Ацы Уæлахиз æрхаста…"-йы нысаниуæг уый мидæг ис, æмæ алкæмæн дæр фадат кæй уыдис уым хайад райсын — æрбарвитын йæ истори, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты йæ хъайтары тыххæй радзурын", — бафтыдта Веркау.

Республикæйы æфсæддон коммисариаты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронттæм Хуссар Ир арвыста 20 мин хъæбулы, тохы быдыры уыдонæй фæмард дæс мин хæстоны, авд минæй фылдæр та дзы фесæфт æбæрæгæй. Хуссар Ирыстоны минæварады УФ-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты сæ сгуыхтдзинæдты тыххæй Ирыстоны минæвæрттæй 34-æн лæвæрд æрцыдысты Советон цæдисы Хъайтары нæмттæ.

Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты сайттӕ, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0