Арæнгæрон хъæутæм ӕртӕ боны дӕргъы ацӕуӕн уыдзӕн æнæ пропусктӕй

© Sputnik / Ада БагианАрæнгæрон территори
Арæнгæрон территори - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы мадзал ист æрцыд, цæмæй Куадзæны бонты адæм бабæрæг кæной сæ хиуæттæ æмæ хæстæджыты уæлмæрдтæ.

ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмæ уазджытæн 30 апрелæй 2 маймæ фадат уыдзæн республикæйы арæнгæрон зонæйы цæрæн пунктты æнæкъуылымпыйæ уæвын æнæ сæрмагонд уадзæн гæххæттæй, фехъусын кодтой Sputnik паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæйы.

Ацы мадзал ист æрцыд, цæмæй Куадзæны бонты адæм бабæрæг кæной сæ хиуæттæ æмæ хæстæджыты уæлмæрдтæ.

"Æндæр бонты арæнгæрон зонæмæ бацæуыны тыххæй Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон управленийы хъæуы саразын сæрмагонд уадзæн гæххæт", — фехъусын кодта пресс-службæйы кусæг.

Уыимæ иумæ ПÆК-ы банысан кодтой, ацы уагæвæрд кæй нæ хауы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм, кæцытæ иудадзыгæй нæ цæрынц Республикæ Хуссар Ирыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0