ЦХИНВАЛ, 29 апр — Sputnik. Алы заманы дæр æрцæуы ахæм цаутæ, кæцыты нысаниуæг рæстæджы цыдимæ нæ мынæг кæны, фæлæ фæуæлдæр вæййы æмæ райсы ноджы стырдæр нысаниуæг адæймагады историйы. Ахæм цаутæй иу ссис Стыр Фыдыбæстæйон хæст.
Рацыд 70 азы, æрцыд бирæ ивындзинæдтæ. Фæлæ æнæаивгæйæ баззад иу хъуыддаг — нæ дадатæ æмæ нанаты мысæнтæ, кæцытæ архайдтой фронты.
Мæ дадайы нæ хъуыды кæнын — уый амард мæ райгуырды размæ, фæлæ æз абоны онг дæр сæрыстыр дæн мæ дада æмæ нанайæ, кæцы куыста госпиталы.
Санахъоты Гаврил Иваны фырт райгуырд 1917 азы 15 февралы Дзауы поселочы. Æрсидтысты йæм Советон Æфсадмæ. Службæйы рæстæджы хорзæхджын æрцыд: Кады орденæй, дыууæ Сырх Стъалыйы орденæй, "За взятие Кенигсберга" орденæй, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы орденæй, орденæй "За Отвагу". Райста бузныджы арфæ Советон Цæдисы Уæлдæр Командагæнæг Сталинæй Севастополь æмæ Балтигæрон ссæрибар кæныны рæстæджы равдисгæ иттæг хорз хæстон архæйдтыты тыххæй.
Тохы фæцæф æмæ 1945 азы мартæй июны онг хуыссыд госпиталы.
Петоева Анна Михаилы чызг райгуырд 1914 азы горæт Сталиниры. 1942 азы февралы бацыд фельдшерæй №3692-æм эвакогоспиталмæ æмæ дзы фæкуыста суанг госпиталы ликвидацийы онг. Хорзæхджын у "Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы хъæбатыр æмæ удуæлдай куысты тыххæй" майданæй, "За оборону Кавказа" орденæй, орденæй "Сорок лет Победы в Великой Отечественной войне 1941-1945 гг."
Цæуынц æзтæ, фæлтæртæ ивынц кæрæдзи, фæлæ Хъайтартæ цæрынц æнустæм!