Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты хсӕн рабӕрӕг сты иууыл рӕстдзӕвиндӕртӕ

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уæвæг УФ Æдасдзинады федералон службӕйы арæнгæрон управленийы сырæзтыл авд азы сæххæсты цытæн уагъд æрцыд чемпионат хæстон къухæй архайгæ хæцæнгарзæй æхстæй.

Æхсæгтæй чи цырддæр æмæ арæхстджындæр равдыста йæхи, цы хæслæвæрдтæ сæ хъуыд сæххæст кæнын, уымæн æвдисæн уыдысты Sputnik уацхæсджытæ дæр.

Ярыгины пистолет, Калашниковы автомат æмæ снайпераг винтовкæйæ хуыздæр æхсæджы номыл ерыс кодтой чемпионаты 35 хайадисæджы. Уыдон адих кодтой фондз командæйыл, кæцытæ архайдтой ÆФС Арæнгæрон управленийы Дменис, Ленингор, Знауыр æмæ Дзауы хайадтæ, афтæ ма фæткдаруаты аппараты номæй.

Автоматæй æхсджытӕ хъуамæ сæххæст кодтаиккой хæслæвæрд АК-3, ома фехсын хуысгæйæ, уæрджытыл лæугæйæ æмæ лæугæйæ. Ахæм позициты æхстой алы командæйы снайпертæ дæр.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ, иумæйаг командон бахыгъды хуыздæр разынд Управленийы фæткдаруаты командæ. Дыккаг бынат бацахста Знауыр, æртыккаг та Ленингоры командæ. Цыппæрæм æмæ фæндзæм бынæттыл та сты Дзау æмæ Дменис.

Уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ грамотæтæй. Цæттæдзинады иумæйаг æмвæзадæн тæрхонгæнæг радта æвæрццаг аргъ.

Ног хабӕртты лентӕ
0