Цхинвалы бакодтой нывгӕнӕг Хъотайты Григорийы мемориалон фӕйнӕг

© Sputnik / Плиты ФатимаМемориалон фӕйнӕг
Мемориалон фӕйнӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Апрелы зынгӕ нывгӕнӕгыл сӕххӕст уыдаид 90 азы. Хъотайты Григорийӕн йӕ юбилейон аз хъуамӕ рацӕуа йӕ куыстыты ӕмбырдгонд.

ЦХИНВАЛ, 29 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Хъотайты Григорийӕн йӕ 90 азы юбилеймӕ йӕ хӕдзарыл бакодтой мемориалон фӕйнӕг, хъусын кӕны Sputnik уацхӕссӕг.

Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг Тугъанты Махарбеджы ахуыргӕнинаг Хъотайты Григорийыл 25 апрелы сӕххӕст уыдаид 90 азы. Мемориалон фӕйнӕг бакӕныны цӕрӕмони ацыд цытджын уавӕры. Мадзалы хайад райстой президент, хицауады уӕнгтӕ, нывгӕнджытӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, интеллигенцийы ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, уазджытӕ Цӕгат Ирыстонӕй ӕмӕ нывгӕнӕджы бинонтӕ.

Ӕрӕмбыруӕвджытӕ ӕрдзырдтой Хъотайты Григорийы сфӕлдыстадыл. Уый канд дӕсны нывгӕнӕг нӕ уыд, фӕлӕ ма стыр хайбавӕрд бахаста Хуссар Иры нывкӕнынады скъолайы райрӕзтмӕ.

"Хуссар Ирыстоны нывкӕнынад афтӕ размӕцыд уыд ӕмӕ 1963 азы Гуырздзыстоны хицауад ӕрхъавыд нывкӕнынад скуынӕг кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнӕндон сӕхгӕнын. Ацы цау ма руадзыны тыххӕй Хъотайты Григорий ацыд суанг Мӕскуымӕ дӕр ӕмӕ йын бантыст уагдон бахъахъхъӕнын", — банысан кодта йӕ раныхасы нывгӕнджыты цӕдисы хистӕр Цхуырбаты Тамерлан.

© Sputnik / Плиты ФатимаМемориалон фӕйнӕгы баконд
Мемориалон фӕйнӕгы баконд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мемориалон фӕйнӕгы баконд

Историон зонӕдты доктор Цыбырты Людвиг нывгӕнӕджы цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл дзургӕйӕ банысан кодта зындгонд нывгӕнӕг Хъотайты Григорийӕн йӕ куыстытӕ хицӕн чиныгӕй кӕй хъӕуы рауадзын.

"Ӕз мӕхимӕ исын хӕс ацы курдиатджын гоймагы тыххӕй чиныг рауадзыныл бакусын",- загъта Цыбырты Людвиг.

Мемориалон фӕйнӕг бакӕнынмӕ ӕрцыд Хъотайты Григорийӕн йӕ ахуыргӕнинаг, Цӕгат Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг Гасынты Жорж.

"Хъотайты Григорий сӕххӕст кодта йӕ номдзыд ахуыргӕнӕг Тугъанты Махарбеджы фӕдзӕхст, ахуыргӕнӕндоны кусгӕйӕ схъомыл кодта хорз нывгӕнджытӕ. Архайдта нывкӕнынады цалдӕр здӕхӕны, бантыст ын сныв кӕнын алайнаг раздзог Ос-Бӕгъатыры, ус-паддзах Бурдухан, Харебаты Исахъ, Томайты Мӕхӕмӕт, Хетӕгкаты Къоста, Абайты Уасо ӕмӕ ӕндӕрты",- загъта нывгӕнӕг.

Хъотайты Григорий ном хӕссы Цхинвалы уынгтӕй сӕ иу, у Хетӕгкаты Къостайы премийы лауреат. Мемориалон фӕйнӕг сцӕттӕ кодта зынгӕ нывгӕнӕг-скульптор Плиты Владимир.

Ног хабӕртты лентӕ
0