Ирон нывгæнджытӕ баззайдзысты сæ æрмадзты

© Sputnik / Дзерасса БиазартиНывгæнджыты æрмадзтӕ Кировы уынгыл
Нывгæнджыты æрмадзтӕ Кировы уынгыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амалиуæггæнæг Къалаты Артур, кæцы раздæр домдта, цæмæй нывгæнджытæ ацæуой ацы бынатæй, аивта йæ домæн æмæ бæстыхæйттæ радта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы фондмæ.

ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik, Биазырты Дзерассæ. Дзæуджыхъæуы Кировы уынгыл цы аивадон æрмадзтæ ис, уыдон хицау нал домы, цæмæй нывгæнджыты арвитой. Уый фæдыл Къалыты Артур фехъусын кодта дыцццæджы руспубликæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеславимæ фембæлды рæстæджы æмæ радта бæстыхæйттæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы фондмæ.

Ивгъуыд къуыри Sputnik фыста, Ирыстоны зындгодн нывгæнджыты кæй æрвитынц сæ æрмадзтæй. Дзæуджыхъæуы тæрхондон радта Кировы уынгыл æрмадзты мулкы бар хицæн адæймагæн. Аивадон æрмадзты бынаты та хъуамæ арæзт æрцыдаид супермаркет.

Ацы æрмадзты дæргъвæтин æзты кусынц зындгонд нывгæнджытæ — Чилæхсаты Магрез, Бедойты Шалва, Дзиоты Земфирæ æмæ æндæртæ.
Райстгонд уынаффӕ Бытарты Вячеслав схуыдта "хӕрзиуӕгон хъуыддаг".

"Уый хорз хъуыддаг сарæзтат. Ныфс мæ ис, уый кæй суыдзæн дæнцæг æндæр амалиуæггæнджытæн, кæцыты къухты ис республикон мулкы егъау хай", — загъта Битарты Вячеслав.

Ног хабӕртты лентӕ
0