Гаглойты Сергей. Афӕдз Шри-Ланкайы

© FacebookГаглойты Сергей
Гаглойты Сергей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Шри-Ланкæмæ ацæуыны онг Сергей куыста Уæрæсе, Украинæйы. Куыста сæйраджыдæр информацион технологиты къабазы. Хуссар Ирыстоны та архайдта бынтондæр æндæр къабазы – уыд Ленингоры районы сæргълæууæджы хæдивæг.

ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik, Козаты Дианæ. Цхинвайлаг Гаглойты Сергей Шри-Ланкамæ фыццаг хатт æрцыд фарон уалдзæджы. Уæд уый уыд отпусчы йе мгаримæ, кæцы баст уыд йæ волонтерон куыстимæ текстилон компанийы. Ацы экзотикон бæстæйы баззайын Сергей нæ фæнд кодта, фæлæ цалдæр мæйы фæстæ компанийы къухдариуæгад бахатыд Сергеймæ æмгуыстад адарддæр кæныны тыххæй æмæ уый сразы ис.

Шри-Ланкамæ ацæуыны онг Сергей куыста Уæрæсе, Украинæйы. Куыста сæйраджыдæр информацион технологиты къабазы. Хуссар Ирыстоны та архайдта бынтондæр æндæр къабазы — уыд Ленингоры районы сæргълæууæджы хæдивæг.

"Цæуылнæ баззадтæн Уæрæсе кæнæ Украинæйы? Сфæлмæцыдтæн уым цæрын", — дзуры Сергей.

Шри-Ланкæйы цæры иу азмæ æввахс, фæзындис ын ног æмгæрттæ. Дзуры, ног æмбæлттæ ссарын дзы æнцон хъуыддаг кæй у, кæд æмæ бынæттон æвзаг зынæй ахуыр кæны, уæддæр. Йæ коллегæтæ æмæ зонгæтимæ уый дзуры англисаг æвзагыл, цæй æмвæзад, бритайнаг колони цы сакъадах уыд, уым у бæрзонд.

"Фыццаг хатт ардæм куы æрцыдтæн, уæд дисы ныххаудтæн бынæттон æнтæфæй æмæ алфамблай иууылдæр джунглитæ кæй ис, уымæй. Уыдон тынг æнгом сты хæдзæрттæм, фæндæгтæм. Бынæттон æвзæгтæ тынг зын ахуыргæнæн сты, фæлæ ныридæгæн зонын цалдæр ныхас. Æз цæрын сакъадахы ныгуылæн фарс, цыран дзурынц сингайлаг æвзагыл. Цæгат æмæ скæсæны та тамилаг æвзӕгтыл", — дзуры Сергей.

© FacebookГаглойты Сергей бынӕттон цӕрӕгимӕ
1/3
Гаглойты Сергей бынӕттон цӕрӕгимӕ
© FacebookБынӕттон кувӕндон
2/3
Бынӕттон кувӕндон
© FacebookШри-Ланка
3/3
Шри-Ланка
1/3
Гаглойты Сергей бынӕттон цӕрӕгимӕ
2/3
Бынӕттон кувӕндон
3/3
Шри-Ланка

Куыд Хуссар Ирыстоны цæрджытæ ирон æвзагыл дзургæйæ пайда кæнынц уырыссаг ныхæстæй, афтæ амы цæрджытæ та активонæй пайда кæнынц англисаг ныхæстæй. Уымæ гæсгæ сæ ныхас æнцон бамбарæн вæййы. Сæрмагонд курстæм цæуыны фадат Сергейæн нæй, уымæн æмæ компанийы куыст домы бирæ рæстæг.

"Цы компанийы кусын, уый уадзы текстиль. Уымæй фæстæдæр аразынц дарæс, хъазæнтæ, аксессуартæ. Уыдонæй ифтонг кæнынц европæйаг бæстæты, Уæрæсеимæ нæ компани нæ кусы", — дзуры Сергей.

Шри-Ланкамæ æрцæугæйæ климатæй дарддæр ма йын тынг зын уыд бынæттон къæбицыл æрцахуыр кæнын — у тынг судзаг. Æрвылбонон хæрды бындур ам сты пырындз æмæ карри. Пырындз æрвитынц экспортмæ. Уымæй дарддæр ма Шри-Ланка у портон бæстæ, ам ис æртæ стыр порты.

Сергей дзуры, скъадахы цæсты кæй ахады къласты æхсæн дихкæнынад, "Хуссар Ирыстоны афтæ нæу", æмæ уый цæлхдуртæ æвæры Шри-Ланкæйы цæрджыты æхсæн коммуникацийӕн. Тынг бирæ мæгуыр адæм дзы ис.

Сергейы ныхæстæм гæсгæ, уыдæттæм æнæкæсгæйæ, ам царды æмвæзад, Хуссар Ирыстонимæ абаргæйæ, у бæрзонддæр, кæд æмæ дзы бирæ рæстæг хæстон архæйдтытæ цыд, уæддæр. 80-æм азты райдайæнæй фæстæм ам цыд мидæггагон хæст хицауад æмæ партизайнаг организаци "Тигры освобождения Тамил-Илама"-йы æхсæн. Хæст фæцис 2009 азы майы.

"Раздæр сакъадахы иу регионæй иннæмæ бацæуыны тыххæй райсын хъуыд бынæттон хицауады разыдзинад. Афтæ уыд 2011 азы онг, цалынмæ фидауынгæнæн процесс нæ райдыдта, уæдмæ. Ныр ацæуæнтæ сты сæрибар", — банысан кодта Сергей.

Ныр сакъадахмæ сæрибарæй цæуынц туристтæ, бæстæ активон архайы ацы къабазы размæцыдыл, зымæджы ам "вæййы тынг бирæ уырыссаг туристтæ". Æввахс рæстæджы Сергей æнхъæлмæ кæсы йе ‘мбæлтты æрцыдмæ — ирæттæ йыл никуы фæмбæлд бынаты.

Сæрибар рæстæг уый æрзилы сакъадахыл, ахуыр кæны æвзæгтæ, фæлвары арфдæр базонын бынæттон истори, культурæ. Дзуры, Шри-Ланкайы кæй ис уникалон архитектурæ.

Бынтондæр ам баззайын Сергейы нæ фæнды. Сентябры кæронмæ бахæццæ уыдзæн йæ бадзырды фыццаг æмгъуыд, кæцы фæнд кæны адарддæр кæнын иууыл къаддæрæй иу азмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0