Тыбылты Леонидмæ æмбырды рæстæджы дзырд цыд Уæлахизы бонмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл

© Sputnik / Ада багианЦхинвал, хицауады агъуыст
Цхинвал, хицауады агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлахизы боны сæйраг цау, традицимæ гæсгæ, суыдзæн æфсæддон парад. Уымæй дарддæр ма республикæйы уагъд æрцæудзæн цалдæр мысæн акцийы, ветерантæн та арфæйы ныхæстимæ бакæндзысты лæвæрттæ.

ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik. Стыр Уæлахизыл 71 азы сыххæсты бонмæ цы мадзæлттæ уагъд цæудзæн, уыдон тыххӕй дзырд цыд президент ведомствӕты сæргълæуджытæн цы æмбырд ауагъта, уым, фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Мадзæлтты нывæзтимæ æмбырды хайадисджыты базонгæ кодта падзахадон нысаниуæгджын мадзæлттæ бацæттæ кæнын æмæ ауадзыны фæдыл къамисы сæргълæууæг Зассеты Жаннæ.

Уый радзырдта акци "Æнæмæлгæ полк"-ы тыххæй, кӕцыйы фæлгæттæ ацы аз столицæйы сæйраг фæзуатыл республикæйы цæрджытæ рахæсдзысты 4500 фæмардуæвæг хиуæтты къамтæ.

"Фарон "Æнæмæлгæ полчы" мах рахастам 3 870 къамы. Уæдæй фæстæмæ баконд æрцыд стыр куыст, адæм цæуынц, хæссынц сæ хиуæтты къамтæ. Ацы аз Æнæмæлгæ полчы ис 4500 адæймаджы", — загъта уый.

Ацы аз фыццаг хатт уагъд æрцæудзæн акци ахæм номимæ — "Удæгас полк — уæлахизы фæдонтæ", Хуссар Ирыстоны цæрджытæ рахæсдзысты иу минмæ æввахс республикæйы хъахъхъæнджыты къамтæ, уыдон нымæцы уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты, кæцытæ фæмард сты гуырдзиаг агрессийы рæстæджы.

"Уымæн ис символикон нысаниуæг, ирон хъахъхъæнджыты мæдтæ кæй рахæсдзысты уæрæсейаг солдатты къамтæ, кæцытæ бахъахъхъæдтой ирон адæмы. Уымæй мах равдисдзыстæм нæ ахаст æмæ уарзондзинад æндæр бæстæйы хæсты чи фæмард, уыдонмæ", — загъта Тыбылты Леонид.

Уæлахизы бон банысан кæныны фæлгæтты ма уагъд æрцæудзысты æндæр мадзæлттæ дæр — акци "Георгиаг лентæ", солдаты æхсæвиуат, мадзæлттæ 4-æм æфсæддон базæйы территорийыл.

Зассеты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, ветерантӕ иууылдæр райсдзысты лæвæрттæ.

Президент раарфæ кодта организатортæн бакæнгæ куысты тыххæй, банысан кодта, алы адæймаг дæр кæй ма хъуамæ рох кæна адæймагады историйы зæрдылдарæн цаутæ.

"Мах хъуамæ зонӕм, цæуыл тыхсынц нæ ветерантæ. Кæй дзы хъæуы медицинон æмæ æндæр æххуыс", — загъта Тыбылты Леонид.

Районты сæргълæуджытæн та бахæс кодта, цæмæй сæ хъусдард аздахой стыр Фыдыбæстæйон хæсты цыртдзæвæнты уавæрмæ.
Уыимæ иумæ ма æрдомдта бæрæгбонон мадзæлтты рæстæджы æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл нывæзт.

Президент банысан кодта, уæлдай хъусдард кæй хъуамæ æрцæуа здæхт фæтк æххæст кæнын æмæ бахъахъхъæныны фарстытæм, барадхъахъхъæнæн органтæ та кæй хъуамæ фæтыхджындæр кæной сæ цырддзастдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0