Æртæ парламентон парти Хуссар Ирыстоны баиу сты иугонд блокы

© Sputnik / Пресс-служба президента и правительства РЮОРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РХИ парламенты къаддæр хайы партитæ сарæзтой блок, уымæй "Иугонд Ирыстоны" политикæимæ се ‘нæразыдзинад равдисгæйæ. Уыдон нымайынц, ахæм цæдис сын кæй фæахъаз уыдзæн сæ позици адæммæ æмæ партиты фылдæр хаймæ фæхæццæ кæнын.

ЦХИНВАЛ, 4 мая — Sputnik, Козаты Диана. Парламентон партитæ "Ныхас", "Адæмы иудзинад" æмæ "Адæмон парти" сфæнд кодтой иумæйаг политикон блок саразын.

Партиты лидертæ æмæ цалдæр депутаты дыццæджы брифингы рæстæджы радзырдтой журналисттæн ацы скъуыддзагы аххосæгты тыххæй.

Адæмон партийы лидер Плиты Александры ныхæстæм гæсгæ, ацы мадзæлттæ ист цæуынц иумæйаг хæслæвæрдтæ æххæст кæнын æмæ конструктивон куыст кæныны тыххæй.

"Мах бирæ хатт здæхтам парламенты фылдæр хайы хъусдард, нæ хъæппæристæ, нæ цæстæнгас нын кæй ницæмæ дарынц æмæ адæмы онг нæ хæццæ кæнынц", — загъта уый.

Ахæм цæстæнгас ма ис "Адæмы иудзинад"-ы лидер Чилæхсаты Владимирæн дæр. Уый банысан кодта, "Иугонд Ирыстоны" депутаттæ, фылдæр нымæц кæй сты, уымæй пайда гæнгæйæ, цæуынц хисæрмагонд нысæнтты фæдыл æмæ нæ хъуыды кæнынц адæмы проблемæтыл.

"Алы парти дæр парламентмӕ цæуы хуымæтæг адæмы проблемæтæ скъуыддзаг кæныны лозунгтимæ, фæлæ абон уыдон рохуаты аззадысты. Дыууæ азы мидæг мах нæхи никуыд равдыстам, иудадзыг кæрæдзимæ хæссæм претензитæ æмæ æрмæст кæрæдзи аххосджын кæнæм", — загъта Чилæхсаты Владимир.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, "депутат хъуамæ йæхи ма раразмæ кæна президенттæм, уымæн æмæ закъондæттæн органы архайд фесты æххæстгæнæн органтимæ ныхмæлæуд, парламент та свæййы трамплин".

"Ныхас"-ы лидер Æлборты Алан бахахх кодта, парламенты партиты къаддæр хай кæй æрбангом сты, фыццаджыдæр, конструктивон куысты тыххæй æмæ ацы къахдзæф хъуамæ суа парламенты ныппырхы мæцъис.

"Махæн ахсджиаг у стабилондзинад. Нæ цæдис пайда уыдзæн алкæмæн дæр, уый нымæцы фылдæр хайæн, кæцы хъуамæ зона, нæ бон кæй у альтернативон цæстæнгас æвдисын", — загъта Æлборты Алан.

Хуссар Ирыстоны парламенты ис 34 бынаты, 20 дзы ахсы "Иугонд Ирыстон", æхсæз — фракци "Адæмы иудзинад", фæйнæ цыппар бынаты та ис Адæмон парти æмæ "Ныхас"-æн.

Ног хабӕртты лентӕ
0