Автоинспекцийы кусджытӕ сколадзаутӕн амонынц фӕндагон змӕлды фӕтк

© Sputnik / Ада БагианАвтоинспекцийы пост Цхинвалы
Автоинспекцийы пост Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуыры азы кӕронмӕ ӕппӕт скъолаты дӕр автоинспекцийы куысджытӕ ауадздзысты фӕндагон змӕлды фӕтк амонӕн уроктӕ. Рауагъдон къласты ахуырдзауты фӕдзӕхсынц фӕстаг дзӕнгӕрӕджы рӕстӕджы рулыл бадынӕй.

ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ уадзынц фӕндагон змӕлды фӕдыл ӕмбарынгӕнӕн куыст скъоладзауты ӕмӕ республикӕйы уагдӕтты кусджыты хсӕн, фехъусын кодта Sputnik автоинспекцийы агитаци ӕмӕ пропогандӕйы фӕдыл инспектор Уалыты Альма.

Паддзахадон автоинспекци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕндагон фӕткхалдты ныхмӕ тох кӕндзӕн ног автоматизацигонд центр

Фӕстаг рӕстӕджыты республикӕйы сарӕх сты фӕндагон-транспортон цаутӕ, авариты амӕттаг бавӕййынц бирӕ адӕм. Шофыртӕн сӕ фылдӕр хай не ‘ххӕст кӕнынц фӕндагон змӕлды фӕтк. Сӕвзӕргӕ уавӕримӕ тох кӕныны сӕраппонд ист цӕуынц карз мадзӕлттӕ.

"Ахуыры азы кӕронмӕ хъуамӕ ӕрзилӕм республикӕйы ӕппӕт скъолатыл ӕмӕ ахуырдзаутӕн бамбарын кӕнӕм фӕндагон змӕлды фӕтк. Стӕй ма карзӕй бафӕдзӕхсӕм рауагъдон кълӕсты ахуыргӕнинӕгты, уыдонӕн фӕстаг дзӕнгӕрӕджы бон машинӕ скъӕрыны бар кӕй нӕ ис, кӕд сӕм шофыры бартӕ ис, уӕддӕр", — загъта Уалыты Альма.

Уый ма банысан кодта, инспектортӕ фӕндагон фӕтк бахъахъхъӕнын оххыл ӕмбарынгӕнӕн куыст кӕй уадзынц уагдӕтты кусджытимӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0