00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Стыр Уӕлахизы цытӕн концерты ветерантӕн сӕххӕст кӕндзысты хӕстон зарджытӕ

© RIA Novosti . Александр Кондратюк /  Ахизын медиабанкмæВетеран
Ветеран - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Концерт ацӕудзӕн Ӕнусон цырты раз, уый фӕстӕ та ветерантӕн равдисдзысты Плиты Грисы "Авд цухъхъа"-мӕ гӕсгӕ ист киноныв.

ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветерантӕн Уӕлахизы боны цытӕн фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет сараздзӕн бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ, фехъусын кодта Sputnik уагдоны пресс-секретарь Софа Исаакян.

Бӕрӕгбонон концерт ацӕудзӕн 8 майы Ӕнусон цырты раз.

"Концерты Ирыстоны дыууӕ хайы зарӕггӕнджытӕ — Хаситы Сослан, Саппиаты Залина, Руслан Кабалоти ӕмӕ ӕндӕртӕ сӕххӕст кӕндзысты хӕстон зарджытӕ, уый фӕстӕ бӕрӕгбонон мадзал адарддӕр уыдзӕн Плиты Грисы "Авд цухъхъа"-мӕ гӕсгӕ ист кинонывӕй ", — радзырдта Софа Исаакян.

Уый ма банысан кодта, киноныв "Авд цухъхъа"-йӕн ацы равдыст кӕй уыдзӕн премьерон. Гӕздӕнты авд ӕфсымӕры уӕззау хъысмӕтыл киноныв систа ПТРК "Ир", сӕвӕрдта йӕ театры актер, режиссер Мамиты Григорий.

Ног хабӕртты лентӕ
0