Тедеты Сослан фембӕлдзӕн рингыл французаг боксеримӕ

© ВКонтактеТедеты Сослан
Тедеты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Йӕ тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Тедеты Сосланӕн ис серьезон ӕмӕ фӕлтӕрд ныхмӕллӕууӕг, фӕлӕ ирон боксер у хорз цӕттӕ.

ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik. Боксер-профессионал Тедеты Сослан йӕ радон рейтингон тохы фембӕлдзӕн рингыл французаг спортсмен Сильвиан Копельеимӕ, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Сланты Виталий.

Тедеты Сослан у фæсивæды æхсæн профессионалон боксы дунейы чемпион 63,5 килограммы онг уæзы категорийы IBF (International boxing federation — Боксы æхсæнадæмон федераци) версимæ гæсгæ.

Тох уагъд æрцæудзæн 6 майы Монте-Карлойы. Тедеты Сослан фыццаг хатт рахиздзӕн рингмӕ фӕсарӕйнаг бӕстӕйы.

"Нæ боксерæн ис серьезон ӕмӕ фӕлтӕрд ныхмӕлӕууӕг. Фӕлӕ ацы тохмӕ Сослан йӕхи хорз бацӕттӕ кодта Дзӕуджыхъӕуы. Уыдис нын проблемӕтӕ спарринг-партнертимӕ, фӕлӕ сӕ куыддӕрты аскъуыддзаг кодтам", — загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, Тедеты Сосланӕн рамбулынӕн кӕй ис бæрзонд шанстæ.

"Нӕ спортсмен куы рамбула, уӕд фӕуӕлдӕр уыдзӕн рейтингы, стӕй ма ацы тох хорзырдӕм бандавдзӕн йӕ физикон цӕттӕдзинадыл дӕр", — загъта Сланты Виталий.

Тедеты Сосланыл цӕуы 20 азы, профессионалон рингмӕ рахызт 2014 азы майы. Ныридӕгӕн рахӕцыд 12 хатты, уыдонӕй дӕс тох рамбылдта ӕмгъуыдӕй раздӕр.

Февралы Тедеты Сослан рамбылдта тох уӕрӕсейаг спортсмен Алексей Шороховимӕ. Йӕ спортивон карьерӕйы уый уыд 12 уӕлахиз.

Ирон боксер 2015 азы рамбылдта йӕ фыццаг титул профессионалон рингыл, уый ссис фӕсивӕды ӕхсӕн дунейы чемпион IBF-ы версимӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0