ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik. Цхинвалы райдыта зынгӕ ирон композитор Ӕлборты Феликсы номыл сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгон фӕсивӕды фестивалы ӕвзарӕн этап.
Мадзалы хайад исынц республикӕйы ӕхсӕз музыкалон скъолайы ӕхуырдзаутӕ, ӕдӕппӕт 29 сывӕллоны.
Залмӕ ӕрӕмбырд сты чысыл музыканттӕ сӕ ныййарджытӕ, ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ӕввахс адӕмимӕ.
Сывӕллӕттӕ сӕ арӕхстдзинад ӕвдисынц домра, аккордеон ӕмӕ фӕндырыл цӕгъдынӕй ӕмӕ зарынӕй. Фылдӕр бӕрцӕй ӕхӕст цӕуынц Ӕлборты Феликсӕн йӕхи уацмыстӕ.
Фестиваль цӕудзӕн дыууӕ боны дӕргъы, цыппӕрӕмы ӕвзарӕн туры рӕстӕджы фӕбӕрӕг уыдзысы йӕ хайадисджытӕ. Ӕвзонг музыкантты курдиатӕн аргъ кӕндзӕн компетентон жюри.
Фестивалы гала-концерт та уагъд ӕрцӕудзӕн Цхинвалы майрӕмбоны.