Цхинвалы байуæрстой дыууӕ минмæ æввахс георгиаг лентæтæ

© Sputnik / Михаил ХаситыГеоргиаг лентæтæ
Георгиаг лентæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлахизы боны агъоммæ Цхинвалы скъоладзаутæ хайад райстой акци "Георгиаг лентæ"-йы.

ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik, Гæджиты Аида. Цхинвалы райдыдта акци "Георгиаг лентæ". Йæ организатортæ сты "Æнæмæлгæ полк"-ы штаб æмæ спорт, туризм æмæ фæсивæдон хъуыддæгты фæдыл комитет. Sputnik уацхæссæг хайад райста акцийы — баххуыс кодта скъоладзаутæн символикон лентæтæ байуарын.

Лентæтæ уæрстой Цхинвалы центры — Театралон фæзуаты, Пионерты парчы, Харебаты Исахъхъы æмæ Джиоты Аланы уынгтæ кæм иу кæнынц, уым.

Хуссарирыстойнаг столицæйы цæрджытæ цины æнкъарæнтимæ истой Уæлахизы символ. Бирæтæ бынаты лентæ фидар кодтой сæ дарæсыл.

"Гергиаг лентæйы акци ссис бӕрӕгбоны æнæфæцудгæ хай, кæцы баст у Уæлахизы боны цытæн нывонд мадзæлттимæ. Æмæ ныр дæр, æхсар æмæ хъайтардзинады символ адæмыл фенгæйæ, адæймаг æнкъары: "Ничи ферох, ницы ферох", — дзуры Цхинвалы цæрæг Дзуццаты Инна.

Организаторты ныхæстæм гæсгæ, волонтертæ байуæрстой дыууӕ мин лентæйæ фылдæр.

"Хуссар Ирыстон ссис Кавказы республикæтæй фыццаг, цыран райдыдтой уадзын акци "Георгиаг лентæ", ам уый æрфидар хорз традицийæ", — загъта паддзахадон мадзæлттæ уадзыны фæдыл президенты уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæ.

Фыццаг георгиаг лентæтæ фæзындысты уæрæсейаг горæтты уынгтыл 2005 азы. Акци "Георгиаг лентæ"-йы сæйраг нысан у — хистæртæ цы хъайтардзинад сарæзтой, уый рæзгæ фæлтæрæй цæмæй макуы уа рох.

Ног хабӕртты лентӕ
0