Цæгатирыстойнаг хъæу Къæмынтæ бахауд "Уæрæсейы рекордты чиныгмæ"

© Национальный парк "Алания""Æнæмæлгæ полк"-ы цыд хъæу Къæмынтæйы
Æнæмæлгæ полк-ы цыд хъæу Къæмынтæйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Æнæмæлгæ полк" ахызт 1200 метры сæрты Къæмынты хъæуыл æмæ æрлæууыд йæ бæрзонддæр бынаты (1934 м). Организаторты ныхæстæм гæсгæ, ацы бынаты фæстæдæр æвæрд æрцæудзæн зæрдылдарæн фыст.

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Цæгатирыстойнаг уæлхох хъæу Къæмынтæ бахауд "Уæрæсейы рекордты чиныгмæ", куыд иууыл бæрзонддæр цæрæн пункт, цыран уагъд æрцыд "Æнæмæлгæ полк"-ы цыд. Цыды фæстæ йæ организатортæн лæвæрд æрцыд сертификат №1100, кæцы бæлвырд кæны рекорд.

Къæмынты абон цæры æрмæстдæр цалдæр бинонтæ, фæлæ цыды хайад райстой 200 адæймагæй фылдæр. "Æнæмæлгæ полк" ахызт 1200 метры сæрты Къæмынты хъæуыл æмæ æрлæууыд йæ бæрзонддæр бынаты (1934 м). Организаторты ныхæстæм гæсгæ, ацы бынаты фæстæдæр æвæрд æрцæудзæн зæрдылдарæн фыст.

"Хистæр кары адæм æмæ чысыл сывæллæттæ дæр цингæнгæйæ хызтысты хæрдмæ. Иууыл æхсызгон та уый уыд æмæ мадзалы хайад кæй райстой æрмæст Уæллагкомы цæрджытæ æмæ рацæугæ адæм нæ, фæлæ ма ардæм æрбацыдысты Дзæуджыхъæуæй, æнæхъæн бинонтæй — ирæттæ, уырыссæгтæ, кæй фæндыд райсын хайад "Æнæмæлгæ полк"-ы иууыл уæлхохдæр цыды", — загъта цыды организатор Тимур Карданов.

"Уæрæсейы рекордты чиныг"-ы минæвар, кæцы Ирыстонмæ æрцыд раздæр, радзырдта, Къæмынты Уæлахизы бон йæ зæрдæйы кæй баззайдзæн.

"Тынг фæцыд мæ зæрдæмæ Къæмынты — уазæгуарзондзинад, æрдз, мадзалы организаци. "Æнæмæлгæ полк"-ы хайад чи райста, уыцы адæм уыдысты тынг амондджын, уый бæрæгæй зынд сæ цæсгæмттыл", — банысан кодта "Уæрæсейы рекордты чиныг"-ы сæйраг редактор Станислав Коненко.

Коненко Sputnik куыд загъта, рекорды алы хайадисæг дæр райста зæрдылдарæн сертификат.

Акци "Æнæмæлгæ полк" уагъд æрцыд æппæт республикæйы, Дзæуджыхъæуы уый æрæмбырд кодта 15 мин адæймаджы, Цхинвалы та 4500.

Ног хабӕртты лентӕ
0