Тыбылты Леонид: Хуссар Ирыстонæн æввахс у Донецкы тох

© Sputnik / Игорь Маслов /  Ахизын медиабанкмæУӕлахизы парады репетици Донецкы
Уӕлахизы парады репетици Донецкы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РХИ президент арвыста арфæйы тел ДАР-ы сæргълæууæг Захарченко Александрмæ республикæйы сырæзтыл дыууæ азы сæххæсты цытæн. Тыбылты Леонид банысан кодта, Хуссар Ирыстон дарддæр дæр ДАР-имæ кæй фидар кӕндзӕн æфсымæрон æмæ æмгуыстадон бастдзинæдтæ.

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. РХИ президент Тыбылты Леонид Донецкаг адӕмон республикӕйы (ДАР) хæдбардзинады расидт рахуыдта, Киевы хицауад адæмы ныхмæ цы политикæ уадзы, уымæн дзуапп.

ДАР ӕмӕ РХИ - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ ӕмӕ ДАР фӕнд кӕнынц банчы фадыджы ӕмгуыстад срӕвдз кӕнын

Бæстæйы сæргълæууæг æртыццæджы арвыста арфæйы тел ДАР-ы сæргълæууæг Александр Захарченкомæ республикæйы сырæзтыл дыууæ азы сæххæсты цытæн, хъусын кæны президенты пресс-службæ.

ДАР-ы хæдбардзинад райсыны фæдыл референдум уагъд æрцыд 2014 азы уалдзæджы, уæд республикæйы цыд карз хæстон архæйдтытæ, Киевы хицауад Донбассы адæмы ныхмæ расидт тыхон операци.

Уыдæттæм æнæкæсгæйæ, ДАР-ы хицауад ауагъта референдум, цыран хайад райстой цæрджыты 71%, сæ фылдæр рахæцыд паддзахадон хæдбардзинады фарс.

"Йæ бæстæйы хъæбатыр æмæ сæрибаруарзаг адæм стыр зиæнттæ æййафгæйæ равдыста сæрибардзинадмæ æнæбасæгтæ тырнындзинад. Махæн хорз æмбæрстгонд сты уæ тохы нысаниуæг æмæ нысан, мах адæм дæр йæ паддзахаддзинад банымайынмæ рацыд ацы вазыгджын фæндагыл", — дзырдæуы арфæйы телы.

Тыбылты Леонид банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адæм сæ хъус кӕй дардтой Донбассы цæугæ архæйдтытæм, республикæйы цæрджытæ сæ бон куыд уыд, уымæй баххуыс кодтой Донецкы адæмæн.

Уый банысан кодта, Хуссар Ир дарддæр дæр кæй фидар кæндзæн ДАР-имæ æфсымæрон æмæ æмгуыстадон бастдзинæдтæ.

"Уый тыххæй хъæуы фидар сабырад. ДАР-ы æдасдзинады гарантитæ сты уæ сæрибаруарзæг адæмы æнæбасæтгæ бархъомыс æмæ уæ рæстаг тохæн прогрессивон дунейон дзыллæйады æрдыгæй æххуыс", — загъта Тыбылты Леонид.

ДАР-ы сæргълæууæг æмæ йæ адæмæн президенты цæст бауарзта амонд æмæ фарн, бæстæ тагъд рæстæджы йæ къахыл цы слæууа, сабырад дзы цы ныллæууа.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ, ДАР æмæ ЛАР-ы парламенттæ бафысдзысты фæндты фæдыл меморандум

Хуссар Ирыстон ДАР ӕмӕ ЛАР-ы хӕдбардзинад банымадта 2014 азы. Цхинвал ӕмӕ Донбассы республикӕты ӕхсӕн фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ.

2015 азы Донецкы æмæ Луганскы байгом сты Хуссар Ирыстоны минæварадтæ. Уыцы мæй та Хуссар Иры байгом сты ЛАР æмæ ДАР-ы минæварадтæ.

Фарон майы Хуссар Ирыстоны президент снысан кодта Донецкаг æмæ Луганскаг адæмон республикæты йæ минæвæртты.

Апрелы Хуссар Ир, ДАР æмæ ЛАР-ы закондæттæн органты æхсæн бафыст æрцыдысты æмгуыстады фæдыл меморандумтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0